СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Сценарий к 160-летию Коста

Нажмите, чтобы узнать подробности

Просмотр содержимого документа
«Сценарий к 160-летию Коста»

Сценари «Æнусон кады зарæг»

(Къостайы 160 азы райгуырды кадæн)

Хъуысы Абайты Георгийы хъисын фæндыры цагъд.

Сценæмæ рацыдысты 2 амонæджы

1:Хæххон цæргæс йæ базыртæ бæрзонд куыд сиса, афтæ йæхи систа зарæг айнæг къæдзæхтæй. Ратахти хæхбæстæй, азæлыдис уынгæг кæмтты, уæрæх сæрвæтты, æрзылди дидинæгджын дæлвæзты, æрсимдта уынæрджын цæугæдæтты былгæрæттыл, апырх ис, ахæлиу ис Иры зæххыл.

2:Ныхъхъуыстой йæм адæм. Зарæг сæмбæлдис сæ зæрдæтыл, ныррухс сæ кодта, бахъарм сæ кодта, батавта сæ фæззыгон хурау.

1:Уыцы зарæг хуымæтæджы зарæг нæу… Уый у æнусон кады зарæг Ирыстоны уарзондæр хъæбул – Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайыл.

((Хъуысы ирон героикон зарæджы мелоди - «Къостайы зарæг»)

(Видеоряд: хæхтæ, Нары хъæу, Къостайы къамистытæ, йæ кабинет йæ музейы, «Ирон фæндыр»-ы фыццаг цъар.

1: Поэт, нывгæнæг, публицист… Фæлæ фыццаджыдæр Къоста уыдис, йæ цард йæ райгуырæн зæххæн нывондæн чи рхаста, уыцы Адæймаг… Гражданин… Патриот…

2: Къостайы зæрдæ рыстис йæ адæмыл, йæ сагъæстæ æмæ йæ хъуыдытæ уыдысты йе‘мзæххонты ‘фхæрд цард æмæ хъысмæтыл.

Ахуырдзау кæсы æмдзæвгæ «Додой» (на фоне игры на скрипке)

1: Къостайы цард æмæ хъысмæт ис абарæн Ренессансы генион минæвæртты хъысмæттимæ. Ис ын хибар рæсугъд фæзилæнтæ, йæ царды кæцыдæр цаутæ та сты таурæгъ аккаг. Поэт кæддæриддæр агуырдта йæхи фæндаг сфæлдыстады стыр дунейы.

2: Мах, абоны фæлтæр, бæлвырдæй уынæм, цы тыхджын удыхъæды хицау уыдис Къоста, цы хъæздыг миддуне уыдис, хæхбæстæй цы лæппу рацыдис, уымæн. Уыцы тых ын, æнæмæнгæй, лæвæрд æрцыдис, цы адæмы хсæнæй равзæрдис, уыдонæй, рахаста йæ йæ фыды уæзæгæй, Леуаны 'фсарм æмæ 'гъдауæй.

Сценкæ "Номы кад".

Стих. «Памяти А.Н.Островского»

1:Æвæццæгæн æмæ, зын ссарæн у Къостайы хуызæн йæхи мадæлон æвзаг æмæ уырыссаг æвзагыл уыцы иухуызон аив чи фыста, ахæм поэты. Дыууæ 'взаджы, дыууæ культурæйы арф ахызтысты кæрæдзийы мидæг йе сфæлдыстады.

2: Къоста æвæрдта йæ уацмысты мидисы куыд йæ райгуырæн хæхбæсты узæлд, йæ уарзон адæмы хъизæмæрттæ, афтæ дард уазал Бетъырбухы хабæрттæ дæр.

Стихотворение «Я не пророк»

(Звучит классическая музыка. На экран проецируются виды Петербурга 19 века, фотографии поэта студенческих лет, фото известных русских художников ( Репин, Верещагин, Серов ), композиторов (Чайковский, Рубинштейн, Глинка… картины Коста)

1: Бетъырбухы Академийы ахуыргæнгæйæ, Хетæгкаты Кьоста зонгæ уыдис зындгонд уырыссаг нывгæнджытæ Репин, Верещагин, Врубелимæ. Верещагин уыдис йæ хуыздæр æрдхæрдтæй иу.

2:Уырыссаг культурæ поэтæн уыдис тынг хæстæг. Уый уарзта хъусын уырыссаг классикон музыкæ æмæ романстæм.

Романс «Утро туманное»

1:Къоста йæ уацмысты ирдæй равдыста йæ адæмы национ хъæздыг удыхъæд, сарæзта æнæмæлгæ фæлгонцтæ.

2:Йæ сфæлдыстады ис бæрзонд гуманистон хъуыдытæ æмæ рухс идеалтæ. Уымæн сын ис ахæм стыр ахадындзинад канд ирон культурæ æмæ литерæтурйы нæ, фæлæ дунейон культурæйы дæр.

Скъуыддзаг «Фатимæ»-йæ

1:Хетæгкаты Къоста уыдис ирон адæмы фæтæг, йæ адæмы бартæ æмæ сæрибардзинадыл хæцыдис паддзахы сæрхъуызойтимæ, уый тыххæй поэт цалдæр хатты хаст æрцыдис.

2: Фæлæ йын æрмæст уый тыххæй кад нæ уыдис: ирон адæм æй уарзтой хъæбулы уарзтæй. Къоста-иу кæм фæзындис, уым-иу дзыллæ æрбамбырд сты, цин-иу ыл кодтой. Херсонæй куы ссыдис, уæд та йын Нары хъæубæстæ скодтой стыр куывд.

Сценкæ «Къоста Херсонæй ссыдис»

(Чызг фæндырæй цæгъды. Сценæмæ рацыдысты 2 лæппуйы. Æрлæууыдысты, хъусынц фæндыры цагъдмæ).

Бадтиев:Дæ хо диссаджы дзæбæх цæгъды фæндырæй.

Бигаев:О, чындзæхсæвтæм æй фæхонынц…Цом-ма, æз дын мæ хъултæ равдисон.

(Æрбадтысты, кæсынц сæ хъултæм).

Бигаев: Кæс-ма, цы тохса рамбылдтон знон.

Бадтиев:Æз та 5 хъулы фæхæрд дæн.

(Рацыдысты иннæ 2 лæппуйы. Хъусынц цагъдмæ.)

Кучиев:Уый Мæхæмæты хо Зæринæ цæгъды…

Бериев:Зонын æй. (æрбадтысты лæппутимæ)

Бериев: Знон дын дæ хъултæ куыд рамбылдтон…

Бигаев: Цæй, ма тыхс! рамбулдзынæ та… (æрбазгъордта Фидар)

-Къоста! Къоста æрыздæхтис!

(Къоста рахызтис размæ. Лæппутæ йæ размæ базгъордтой, цин ыл кæнынц. Хистæр рацыдис йæ размæ).

Хистæр: Алы боны гас нæм цу, Къоста! Дæ райгуырæн зæххыл сæмбæлдтæ, дæ уарзон адæм та дыл цин кæнынц.Табу иунæг Хуыцауæн! Нары хъæубæстæ дæ сæ сæр бæрзонд хæссынц, æмæ уыцы кад æмæ фарн мыггагмæ демæ уæнт! Дæ адæмæн уарзон у! (дæтты йæм нуазæн. Къоста нуазæн райста, ацахуорста дзы, радта йæ кæстæрмæ).

Бигаев: Къоста, исты ма нын бакæс де мдзæвгæтæй!

(Къоста кæсы "Балцы зарæг").

Фидар: "Гъе, мардзæ, магуса, фесæф, нæуæндаг"… Мæн дæр, Къоста, ахæм æмдзæвгæтæ фæнды фыссын…

Къоста: Мæн та, Фидар, дæ хуызæн дала-фæндырыл цæгъдын… Æрцæгъд-ма, лæппу!

(Фидар цæгъды дала-фæндырыл).

Æмбæлццон:Ме 'рдхорд, æмдзæвгæтæ хорз кæсыс, фæлæ ма кафын зоныс, кафын?

Къоста: Ныртæккæ йæ базондзыстæм. Фæндыр! (хъуысы "Хонгæ цагъд". Къоста кафы чызджытæй иуимæ).

Хистæр: Къоста, Нары хъæубæстæ дын куывд сарæзтой. Дæ хорзæхæй, фынгмæ рахиз.

Къоста: (йæ сæрæй акуывта хистæрæн) Бузныг, арфæгонд ут! (хъæлдзæг цагъд, иууылдæр ахызтысты сценæйæ).



1:Поэты сфæлдыстад у тынг бирæвæрсыг: ис дзы лирикон æмдзæвгæтæ, балладæтæ, баснятæ, æмдзæвгæтæ сабитæн.

2:Къоста-иу ссардта диссаджы ирд ахорæнтæ, уыдоны руаджы-иу афтæ æнкъард нал кастысты чиныгкæсæджы зæрдæмæ йæ иннæ уацмыстæ. Йæ райдзаст æмдзæвгæтæй бирæтæй сарæзтой зарджытæ.

Зарæг "Мæ хуры хай"

Вед .1: «Воспев печали, радости и героизм своего народа, поэт воспевал печали, радости и героизм всех народов», - фыста Къостайы тыххæй азербайджанаг поэт Осман Сарывелли.

Вед .2: Поэты уацмыстæ сæ зæрдæтæм айстой англисæгтæ, францæгтæ, бердзенæгтæ, гуырдзийæгтæ, даргинæгтæ æмæ дунейы бирæ адæмыхæттытæ. Хуымæтæджы нæ фыста поэт :

Весь мир – мой храм … Любовь – моя святыня… Вселенная – Отечество моё !

Ах-тæ кæсынц Къостайы æмдзæвгæ «Ныстуан» англисаг, гуырдзиаг, бердзенаг, сомихаг, испайнаг, францаг, уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл.

1:Къостайы уацмыстæн сæ фылдæр ахæм хуымæтæг æвзагæй фыст уыдысты, уыйбæрц хъардтой зæрдæмæ, æмæ сысты адæмон.

2:Бирæтæ-иу дисы бацыдысты, куы-иу базыдтой, сæ автор чи у, уый.

Басня «Рувас æмæ зыгъарæг»



1:Баснятæ фыста Къоста… Худтис дзы …

Цæуыл нæ худтис:

2:Хиппæлойтæ, давæгойтыл…

1:Тæппудтæ ‘мæ гуыбындзæлтыл…

Уыдоны нæ сæттынц азтæ…

2:Хетæгкаты Къоста… Басня «Хъазтæ».



Инсценировкæ «Хъазтæ».

1: «У человечества есть очень немного поэтов, которые становятся как бы нравственной совестью народа, в чьих именах сливается и надежда на будущее, и память о прошлом, и постоянное нравственное мерило настоящего…

2:Коста невозможно не любить. И, полюбив его, нельзя не стремиться быть лучше, нельзя не воспитывать в себе то высокое единство поэта и борца, художника и гражданина»,- фыста Къостайы тыххæй номдзыд уæрæсейаг фыссæг Мариетта Шагинян.

1:Къоста балæвар кодта йæ уарзон Ирæн хæзнаты хæзна – «Ирон фæндыр». Уый у нæ цин æмæ нæ хъыг…

2: Нæ уарзт æмæ нæ маст… Не ‘рдхæрæны чиныг…

1:Йæ алы рæнхъ дæр арвау нæры, йæ алы дзырд дæр кардау кæрды. Æнусон у Къостайы фарн ирон зæххыл.

2: Цæй æмæ баххæст кæнæм нæ номы лæджы фæстаг фæдзæхст:

«Кæрæдзи уарзгæ цæрут, ме фсымæртæ!». Хонгæ. Зарæг. Финал


Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!