СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Е.Бритаев. Судьба женщины в драме «Дыууæ хойы»

Нажмите, чтобы узнать подробности

«Хуыцау æрбайста худгæ хуры тынтæй цалдæр,æрттиваг мæйы сонт æнкъарддзинад,мæлхъы сæрыстыр уæздандзинад æмæ уарди дидинæджы æмбисонды тæфаг.Цæмæй æгæр æлутон ма фæуа,уый тыххæй ма йæм бафтыдта ноджы уад дымгæйы æнæсæрфат зилдухæнтæ,  рувасы хиндзинад,тæрхъусы тæппуддзинад, мигъты цæссыгкалындзинад уарыны агъоммæ æмæ гæркъæраджы талф-тулфдзинад дзургæйæ.Чысыл ахъуыдыйы фæстæ ма йæм бафтыдта ноджы хъаймæты æппæт  бæллæхтæ, арт, зæй,æрвæрттывд, тымыгъ, тæрккъæвда. Æмæ æппæт уыдонæй сарæзта сылгоймаг.Радта йæ сæумæйæ нæлгоймагæн æмæ загъта:

«Ауд ыл,уымæн æмæ дыккаг ахæм скæнæн нал ис…Стæй йæ   дзæгъæлы æндæр хуызы рацаразын дæр ма  архай-  сылгоймаг у

«Ауд ыл,уымæн æмæ дыккаг ахæм скæнæн нал ис…Стæй йæ   дзæгъæлы æндæр хуызы рацаразын дæр ма  архай-  сылгоймаг уурок разработка по произведению осетинского классика Е.Бритаева. Урок дается  в форме технологичексой карты.

Просмотр содержимого документа
«Е.Бритаев. Судьба женщины в драме «Дыууæ хойы»»

Темæ : С Ы Л Г О Й М А Д Ж Ы Х Ъ Ы С М Æ Т

Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæ «Дыууæ хойы»- мæ гæсгæ.

Урочы хуыз : уацмысы анализ

Урочы нысантæ:

- Равдисын сылгоймаджы цардвæндаг.

- Равзарын драмæйы сæйраг мидис.

- Дунейы фидауц-сылгоймаг.

Урочы фæлгонц: компьютер, интерактивон фæйнæг, магнитофон,

- видеоæвдыстытæ «Осетинская легенда» , «Чермен'' ,«Фатимæ»

-Таурæгътæ «Кæлмæрзæн» ,«Сылгоймаджы равзæрд»

Урочы методикон рацарæзт

  1. Бацæттæгæнæн хай.

II. Урочы мотивацион уавæр.

- «Сылгойман зæд у»- зæгъгæ,зæгъы ирон æмбисонд. Æмæ цымæ раст у æви нæу?(слайд 1)

III. Зонындзинæдты актуализаци.

- Бакæсæм таурæгъ.

«Хуыцау æрбайста худгæ хуры тынтæй цалдæр,æрттиваг мæйы сонт æнкъарддзинад,мæлхъы сæрыстыр уæздандзинад æмæ уарди дидинæджы æмбисонды тæфаг.Цæмæй æгæр æлутон ма фæуа,уый тыххæй ма йæм бафтыдта ноджы уад дымгæйы æнæсæрфат зилдухæнтæ, рувасы хиндзинад,тæрхъусы тæппуддзинад, мигъты цæссыгкалындзинад уарыны агъоммæ æмæ гæркъæраджы талф-тулфдзинад дзургæйæ.Чысыл ахъуыдыйы фæстæ ма йæм бафтыдта ноджы хъаймæты æппæт бæллæхтæ, арт, зæй,æрвæрттывд, тымыгъ, тæрккъæвда. Æмæ æппæт уыдонæй сарæзта сылгоймаг.Радта йæ сæумæйæ нæлгоймагæн æмæ загъта:

«Ауд ыл,уымæн æмæ дыккаг ахæм скæнæн нал ис…Стæй йæ дзæгъæлы æндæр хуызы рацаразын дæр ма архай- сылгоймаг у.» (слайд 2)

IV. Ног темæйыл куыст:

- Нæ таурæгъы мидисмæ гæсгæ уæм куыд кæсы, цæуыл ныхас кæндзыстæм абоны урочы æмæ кæй тыххæй?

- Раст зæгъут, нæ абоны урочы темæ у сылгоймаджы тыххæй. (слайд 3)

Сылгоймаг…цас миниуджытæ йын балæвар кодта сфæлдисæг, куыд ирдæй йæ сфæлыста,цас ахорæнтæй йыл бакуыста, цы кад ын скодта.Гъай-гъайдæр,сылгоймаг у кады аккаг. Æмæ куыннæ? Чи,кæцы адæмыхатт нæ раппæлдзæн йæхи

-Амагæ - сарматаг фæтæгæй

- Зæринæ - сакты ус паддзахæй

- Сатана - нарты нæрæмонæй.

Сылгоймагмæ бирæ миниуджытæ æмæ йын стыр ахадындзинад ис.

Байхъусут ма иу таурæгъмæ.

Таурæгъ «Кæлмæрзæн» (скъоладзау кæсы таурæгъ)

«Бадынц Нарты урсзачъе зæрæдтæ ныхасы,тæрхон кæнынц.Ивгъуыд бонтæ знонау аивгъуыдтой,нæй сын фæстæмæ раздахæн.Нæ фидæныл ахъуыды кæнæм.Хъуыды ма кæнут,иу хатт ныл æххормаг аз куы скодта,уæд нæ Сатана куыд фервæзын кодта, уый? Сатанамæ та равитæм ныр дæр.

Бафæрсæм æй зондæй.Цу,лæппу,фæдзур æм…Афтæ æмæ,зæгъ,афтæ,нæ хистæрты размæ фæзын.Сатана æрбацыд, æмæ сын загъта:

« Ме 'нæныййаргæ фырт Сосланмæ ис æнæкæрон хъару æмæ ныфс…Уый уæларвæй дæлæмæ нал цæуы.Тæккæ аизæр Уæларв Сафа куывд кæны зæдтæ æмæ дауджытæн. Баддзысты дауджытæ Сафайы хæдзары, сау бæгæны нуаздзысты дзæбидырæй.Уырдыгыстæг та сын уыдзæн Сафайы буц хъан - Нарты Сослан. Уæ туг, Æхсæртæккаты туг хъазы йе уæнгты.Абон æй фæндараст кæнынц ардæм.Уый номыл у куывд дæр.Æз ын йæ хъусы бацæгъддзынæн, цæмæй уый ракура:

Уастырджийæ-фæринк кард,тыхгæнæг уын тых куыд нæ ара. Æфсатийæ-бирæ фос, Уациллайæ-хоры нæмгуытæ…Хоры нæмгуытæн афтид къухæй тонæн нæй.Сослан Курдагæлонæй ракурдзæн æфсæн дзывыр.Уæдæ Галæгон дæр Сосланы æнæ лæвар кæм уадздзæн.Нæ хоры кæритæ сыгъдæг кæнынмæ-иу нын рог дымгæ рарвитдзæн.Æппынфæстаг ын номдзыд Донбеттыр зæгъдзæн: мæ цæугæдæттыл-иу куырæй- ттæ саразут.Уый йæ чызджытæн бафæдзæхс- дзæн,цæмæй куыройы фыдтæ рæвдз зилой…

Гъе утæппæт хорздзинæдтæ нæм æрхæсдзæн уæ буц кæстæр Сослан.Мæ раныхасы сæр – фæллой…

Нартæ сыстадысты.Хистæр Сатанайы размæ бацыд.Систа йæ худ æмæ загъта:» Амæй фæстæмæ худ æмæ кæлмæрзæн æмуæзтæ уæнт.Æмзонд æмæ æмвæнд…»

- Худ æмæ кæлмæрзæн .Æмуæз .Фæлæ афтæ нæ рауад. (Видеоравдыст«Осетинскаялегенда»-йæ скъуыддзаг. (Залиханыл кæм фидауынц,уыцы ныв)

-Цавæр фыдæлтыккон æгъдау æвдыст æрцыд нывы?

- Скъуыддзаджы æвдыст æрцыд сылгоймагыл ирæд фидыны æгъдау,сылгоймаг уæй кæныны æвирхъау æгъдау. Аргъыл нал фидауынц, чызгæн,дам, йæ аргъ æрхауд адæмы дам-думты фæдыл.Сæ карзы бацыдысты,фæлæ сæ иуы зæрдæйы дæр не рæфтыд чызджы бафæрсын,цы зæгъы уый та.Цард, кæй зæгъын æй хъæуы,хъазæн нæу.Иу боны цæстæй йæм нæ хъæуы кæсын.Бонтæ куы адвргъ вæййынц,уæд йæ хæссинаг уæз кæнын райдайы.

- Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрд ацы ныв фенгæйæ? (скъоладзауты хъуыдытæ)

Ахуыргæнæг: Хъыг уæм фæкаст сылгоймаджы хъысмæт, йæ уавæр?

Афтæ хъыг æмæ æнæзæрдæмæдзæугæйæ ракаст Брытъиаты Елбыздыхъо дæр сылгоймаджы цардмæ.(сценкæ-равдыст Хансиаты монолог.Бадынц Хансиат æмæ Асиат).

Бакæсут скъуыддзаг æмæ зæгъут чи у æмæ цавæр уацмысæй?

Хансиат: «Цы цард у ай? Кæннод хорз цард кæй хонынц,

Уый дæр циу?Кæрдæг дæр кæрдæг,æмæ мах дæр.Кæрдæг зайы,срæзы,ацæры,йæхи хуызæнтæ ныууадзы,уыйфæс-тæ йыл уазал зымæг куы æрбаулæфы,уæд амæлы.Амæлдзстæм мах дæр,æмæ цы баззайдзæн нæ фæстæ,не намонд æмæ нæ уæгъуыры кой йедтæмæ?…

Æдзух мæт,сагъæс,фыдæбон.Дæ цæрынæй хæрынмæ цæджындзау хъæддых арæзт у искæйы ныфсæй.Дæ буар фаг ма аиваз. Уæлдай дзырд,уæлдай къахдзæф ма акæн,ма фæхуд.Дæ фæндон баххæст кæнын еæ.фæлæ йæ æрмæст радзурын дæр ма суæнд.Уый цард у?Уымæн равзæрдтæн дунемæ?Уый цард нæу.Кæд царды мидæг æндæр ницы и,уæд мыл мæ мад дзæгъæлы фæфыдæбон кодта.Куыд уыдзысты дзæгъæлы утæппæт фыдæбæттæ…Нæ зонын…Ис. Æвæццæгæн.исты æцæгдзинад,æмæ йæ æз не мбарын,мæ зонд æй нæ ахсы…Мæхи цард?Ницы у,мæнг у!»

-Уæдæ цавæр фыдæбæтты кой кæны хъайтар, чи у æмæ кæцæй?

-Нæ хъайтар у Хансиат 22 аздзыд чызг Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæ «Дыууæ хойы»-йæ. Йæ фыдæбонтæ йæ æбар цард,йæ социалон уавæр.

-Æмæ уыйас цы' рцыд уагæры уыцы æвзонг удыл? Цы æфхæрд баййæфта?

- Драмæйы æвдыст цæуынц сидзæр дыууæ хойы,кæцытæ цæрынц сæ фыдыфсымæр Тæтæрхъанмæ.Тæтæрхъан фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ чызджытæй мулк скæнынмæ хъавы,ома сæ ауæй кæнын.Лакаты Саламджери æмæ Касалы-фырты фыццаг фæкæнын Асиат æмæ Хансиаты. Чызджыты нæ фæнды. Тæтæрхъан, йæ ус Мусон,сæ фырт Буцæ(йæ ном йæ уæлæ)архайынц хъуыддаг саразыныл.Рауад сæм быцæу,ома конфликт.

- Конфликты фæархайынц дыууæ къорды.Цавæр къордтæ сты ацы драмæйы æмæ чи сты сæ архайджытæ?

-Архайджытæ фесты 2 къордыл дих.

Иутæ сты чызджыты фарс:

Хъамболат- мады фсымæр,зондджын æмæ раст лæг. Мæгуыр кусæг лæг.

Сидахъон - Хъамболаты ус уæздан, сæрибар адæймаг

Хъылцыхъо – сæ фырт,ис æм æгъдау,æцæг æфсарм, зоны аргъ

кæнын æцæг фарнæн.

Пупæ - Асиаты уарзон,ног æгъдауыл лæуд адæймаг,сыгъдæгзæрдæ.

Иннæ къорд рацыдысты чызджыты ныхмæ.

Тæтæрхъан -фыдыфсымæр,хин æмæ дзырдарæхст дзургæ кæны иу,

аразгæ та бынтон æндæр хъуыддаг.

Мусон - йæ ус,йæ лæджы дзæмбы бын цагъарæй цæрын чи сахуыр,

ахæм.Бауырныдта йæ сылгоймаг нæлгоймаджы цур кæй

ницы у.

Буцæ - сæ фырт.Нæй йæм лæгдзинад, нæй йæм агъдау.

Касалы-фырт, Лакаты Саламджери

– Усгуртæ,æлхæнынц сæхицæн устытæ.Уарзондзинады

моралон бындур сæм фыст нæу.

- Цавæр иумæйаг хатдзæг храктеристеристикæ раттæн ис ацы къордтæн?

- Ирон сылгоймаджы цагъар суæгъд кæныныл тохгæнджытæ, ног зондахаст

хæсджытæ.

- Фыдæлты мæлинаг,зæронд фæстæзад æгъдæуттыл ма чи хæцы,уыдон.

-Уæд Хансиат æмæ Асиат та кæцы къодмæ хауынц?

Хансиат æмæ Асиат сты ирон сылгоймаджы ног типтæ.Адæмы хъæр чи бамбæрста,ног дуджы комулæфт кæмæ бахæццæ,ахæм æрыгон дыууæ чызджы.Хансиат æмæ Асиат ног идеалтыл хæст кæй сты,уыдон ног миниуджытæ кæй домынц адæймагæй, се'хсæнадæй бæрзонддæр кæй сты,уый у сæ быцæуы аххос дæр.

- Цæмæ сæ хонæм ног типтæ?Цавæр миниуджытæ нымайы Хансиат сæйрагдæрыл?

Хансиат аргъ кæны лæгдзинад,æгъдау æмæ уæздандзинадæн.Лæгæн хъуамæ йæ рацыд дæр, йе'сдзырд дæр,йæ митæ дæр лæджы хуызæн уый.

- Æмæ Касалы-фырт цавæр у?Ссарут ма тексты Касалы-фырт æмæ Хансиаты фембæлд.

-Цавæр хатдзæг скæнæн ис ацы скъуыддзаг бакæсгæйæ? Фенæм ма уæд æххæст Асиат æмæ Пупæйы кæрæдзиимæ ахастдзинад дæр.Ссарут тексты сæ фембæлд.

- Цавæр ныв уынæм ацы фембæлды та,цавæр æнкъарæнтæ.

- Сыгъд,æгцæг уарзондзинад. Æнæ уæлдай ми æмæ уæзданæй. Фæлæ сæ размæ ис цæлхдур,Пупæ мæгуыр у æмæ ницы пайда у Тæтæрхъанæн,уымæ гæсгæ сын иумæ уæвæн нæй.Адæймаджы цард у æхцатæй аразгæ.Уæййаг æмæ æлхæнгæ цард. Æбар æмæ æфхæрд уавæр.Æнкъарæнтæн нæдæр сæ кой,нæдæр сын аргъ.

Драмæйы темæ,идейæ,проблемæ.

Темæ: Сылгоймаджы хъысмæтыл сагъæс.

Идейæ: Брытъиаты Елб. Фæндыд равдисын

Проблемæ: Драмæ ''Дыууæ хойы'' æвдыст æрцыд революцийы агъоммæйы рæстæг. Цалынмæ революци не'рцыд.уæдмæ фыдæлтыккон æгъдæуттæ:ирæд исын, туг исын, хъоды кæнын æххæст кодтой карзæй. Уыцы æгъдæуттæ æвæрдтой цæлхдуртæ мæгуыр адæмы размæ.Гъе уый у ацыдрамæйы проблемæ дæр- ирæд фидын.

- Нæ уацмыс драмæ хонæм.Æмæ уæд драмæ цы у?

-Драмæ- грекъаг дзырд,амоны архайд,цард æвдисы архайды хуызы.Драмæйы нæ

вæййы авторæн йæхи ныхас,архайд арæзт вæййы уацмысы геройты æхсæн ныхасыл- диалогыл.

-Цавæр хъуыды уæм сæвзæрд ацы драмæ бакæсгæйæ? ( скъоладзауты хъуыдытæ)

Раст зæгъут,ахæм уавæрты цæрынæн хъæуы стыр тых æмæ быхсыны хъару. Адæймаг

уыцы миниуджытæй хайджын куы нæ уа, уæд зын у кадимæ фервæзынæн уыцы зындонæй. ( скъуыддзаг ''Фатимæ''-йæ ).

-Фатимæйы дзуаппæн аргъ скæнын.Скъоладзауты хъуыдытæ.

- Фатимæ йе 'стыр уарзондзинад нæ ферох кодта,фæлæ йæ ныййарæджы хæс, йæ царды сæйраг нысан нæ баивта зæрдæйы фæндон,цыбырфæд æмæ æнæрфат лæмæгъдзинадыл. Бафæрæзта сæрыстырæй ныййарæджы ном кадимæ рахæссын.

-Худ æмæ кæлмæрзæн – æмвæнд,æмзонд,æмуæз. (скъуыддзаг ''Чермен''-æй . Чермен Хъасайимæ хæцынмæ кæм хъавы æмæ сæ кæлæмæрзæнæй кæм ахицæн кодтой.Сылгоймагæн кад кæнын.Кæлмæрзæны нысан)

-Цы нын равдыста ацы ныв?

- Ацы нывы æвдыст æрцыд сылгоймаджы кæлмæрзæны стыр нысаниуæг. Дыууæ знагæн-иу кæлмæрзæн куы сæ астау æрæппæрстой,уæд хæст ахицæн. Ахæм стыр аргъ кодтой сылгоймагæн.Тæхуды æмæ уыцы æгъдау куы уаид абон дæр йæ тыхы,уæд мадæлтæ бамбæрзиккой сæ кæлмæрзæнтæй зæххы къори æмæ хæстæн сыскъуыниккой йæ таг. Сылгоймаг кæд ивгъуыд рæстæджы æбар æмæ зын уавæрты цард (нывты равдыст: ахуыргæндтæ,фысджытæ…) уæд абон та у -- ахуыргонд,фыссæг ,аивады кусæг, тæхæг…

Абон сылгоймаг йе'ххуысы хай хæссы куыд хо,чызг,сылгоймаг.ныййарæг.

Рефлекси:

Æркæсæм ацы æмбисæндтæм æмæ скæнæм хатдзæг нæ абоны ныхасæн.

- Сылгоймаг йе фсармæй фидауы.(дарддæр скъоладзаутæ)

- Сылгоймаг лæгæн йæ хъаруйыл æфтауы.

- Сылгоймаг зæд у.

- Сылгоймаг Сатана дæр уыд æмæ Нарт йæ зондæй цардысты.

Хæдзармæ куыст: Ныффыссын цыбыр нывæцæн сылгоймаджы тыххæй.

Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!