СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Проектная работа. Царды масыг.

Категория: Литература

Нажмите, чтобы узнать подробности

Проектная работа по традиционной культуре осетин.

Просмотр содержимого документа
«Проектная работа. Царды масыг.»

Адæймаг йæ райгуырæн бонæй йæ царды фæстаг бонмæ амайы мæсыг: йæ номы, йæ царды мæсыг. Амайгæ та йæ кæны йæ къухты фæллойæ, йæ зонд æмæ йæ зæрдæйы рæсугъддзинадæй. Хистæр кадджын кæм у, кæстæр æгъдаудæттæг, лæджыхъæд æмæ уæздандзинад кад æмæ рад кæм ис, уым царды мæсгуытæ бæрзонддæр сты.

Ирыстоны зæххыл нæ фыдæлтæ кад æмæ фарнимæ цардысты. Уыдонæн райгуырæн зæхх мады ад кодта, цæуын æмæ кусынæй йыл нæ фæлладысты. Ирон зарæг æмæ фæндыры цагъдæй та зæрдæйы дуæрттæ гом кодтой.( Æмæ уын абон мах дæр нæ зæрдæйы дуæрттæ гом кæнæм фæндыры цагъдæй).

Цæмæй нæ рагон фыдæлты цæсгм ма фесæфа, нæ мадæлон æвзаг ма фæцуда, æмæ дунейы адæмты астæу нæ ирон худ бæрзондæй ныллæгмæ ма ’рхауа, ууыл сагъæс кодтой нæ хистæртæ. Æмæ нæ мадæлон æвзаг нæ рагфыдæлты хæзна у, згъгæ ,куы фæзæгъæм, уæд уый хуымæтæг хъуыдтаг нæу, фæлæ у философон хъуыды, уымæн æмæ уый руаджы нæ бон у акæсын нæ рагфыдæлты царды. Не ’взаджы цы дзырдтæ ис, уыдоны фæрцы мах базонгæ вæййæм сæ зондахаст, сæ цæстæнгасимæ, сæ сæйраг миниуджытимæ, суанг ма сæ удыхъæдимæ дæр.


«Ехх, ирон æвзаг… йæ дзырдтæ

Сты хæзна дуртæ мæнæн

Æз куыд æркæнон æмбардтæ

Дуртæй сонт хурты тæмæн?

Ацы уаз тæмæн – мæ фарон

У мæ ирвæзæн, мæ ис.

Сдæн уый фæрцы хæдзарон

Ис мын абон, фидæн ис.»

Ирон адæммæ рагæй- æрæгмæ кадджын уыдысты, ’хсæны лæгтæ кæй хуыдтой, уыцы дзырддзæугæ адæймæгтæ. Кадджын уыдысты, сæ хъуыдытæ мадæлон æвзагыл зæгъын хорз кæй арæхстысты, уый тыххæй дæр. Сæ бæрны- иу сын бакодтой цыфæнды зын хъуыддаг дæр: тудджынты бафидауын кæнын, зианы уæлхъус раныхас кæнын, фæндаггонæн фæндараст зæгъын. Кæд æнахуыргонд уыдысты, литературон æвзаджы æгъдæуттæ нæ зыдтой, уæддæр арæхстджынæй, тынг дæсны пайда кодтой не ’взаджы хъæздыгдзинæдтæй.

Стыр зондджын адæймагыл нымад уыди Санаты Сем- мæлгъæвзаг, адæмы уарзон. Адæмы уырныдта, цы зæгъа,уымæн æнæрцæугæ кæй нæй, уый. Бирæ таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ базырджын ныхæстæ баззад Семæй.

Зæгъæм:

  1. Æндахы хуызæн уыдзæн къæцæлтыл тыгъд æмæ дзырд хæсдзæн, цы йæ хондзысты, уый нæ зоны.

  2. Ахæм фæлтæр уыдзæн, æмæ адæймаг базырджынæй тæхдзæн.

  3. Хæдтулгæ уæрдон уыдзæн.

  4. Куы фæстагмæ зымæг æмæ сæрд сæмхæццæ уыдзысты.



Санаты Семы хуызæн ма сæ кой дардыл айхъуыст: Хетæгкаты Гуыбан, Зыгъуытаты Бибойæн, Сланты Гахайæн, Дзусаты Рæмонæн, Таутиаты Дрисæн æмæ æндæртæн.

Царды хорздзинæдтыл цасфæнды фæдзур, уæддæр адæймагæн йæхи къонайæ зынаргъдæр æмæ уарзондæр нæй. Уый уымæн афтæ у, æмæ ам алцы дæр дæхи у: дæхи æвзаг, дæхи æгъдау, дæхи зæхх.Лæгæн йæхи цы уа, уымæн та ацы стыр дунейы æмбал нæй. Фæлæ райгуырæн зæхх йæхи уды бæрц чи уарзы, ахæм хорз лæгтæй фидауы цард.Æмæ ахæмтæ та Ирыстоны бирæ ис.

Иу æнамонд бæлас, зæгъынц, арвмæ бæрзонд куы фæцыд, уæд фæхъал, цы уидæгтыл нал æрвæссыд, уыдоныл, æмæ бахус. Бæлас куы базæронд вæййы, уæд, зæгъынц, арвы бæрзæндтыл йæ цæст ахæссы, йæ зæнгмæ йæ цæнгтæ æрбангом кæны æмæ зæххыл æруадзы йæхи. Фæлæ йæ зæронд уидæгтæй ссæуынц æвзонг талатæ, хуры хъарм æмæ фæлмæн къæвдатæм

Байрæзынц æмæ алцæмæй дæр вæййынц, йæ цард кæмæн фæци, уыцы зæронд бæласы æнгæс.

Уый æмæ дын сыфтæры хуыз, сæ дидинæг, сæ адджын дыргъты ад – иухуызон æппæтæй дæр.

Кад æмæ радæй фæцæры, йæ кæстæрты зæрдæты байтауы уарзондзинад, стæй араст вæййы йе ’нусон бæстæмæ.

Ахæм æмбисонд баззад. Дур æмæ бæлас сбыцæу сты. Дур загъта: « Адæймаг хъуамæ уа мæнæ мæн хуызæн фидар. Тыхджын къæвда рацæуа, их ныууара, уæддæр мæ иу къæртт нæ рахаудзæн.

Хур мыл тулгæ куы акæна, уæддæр мын уый бон ницы у».

Бæлас æм лæмбынæг фæхъуыста стæй афтæ зæгъы:

«Фидар кæй дæ, уый хорз у. Уадз адæймаг дæр уæд фидар, фæлæ æрмæст уый цы дæтты адæймагæн дæр æмæ адæмæн дæр? Чи дæм бабæлдзæн æмæ дыл чи бацин кæндзæн? Æз та цæрын, æмæ адæм цин кæнынц мæ дидинæгыл, фæззæджы та алы хæдзар дæр æмæ алы фæрныг фынг дæр сфидауын кæнынц мæ рæсугъд, мæ адджын дыргътæ». Дурмæ афтæ раст фæкастысты бæласы ныхæстæ, æмæ сдзурын ницыуал бафæрæзта. Абон дæр хъусæй лæууы. Бæлас та абон дæр йæ бæрзонд къалиутæй уæларвмæ æвналы, дидинæг калы æмæ æхсызгонæй йæ адджын дыргътæ дæтты адæмæн.

Бæласы хуызæн, адæмæн дæр ис уидæгтæ: фыдæлты фарн æмæ æгъдæуттæ, æхсар æмæ æфсарм, лæгдзинад æмæ уæздандзинад. Адæм уыдоны руаджы дунейы рухсмæ æвдисынц сæ хуыз æмæ сæ зæрдæйы уаг. Уидæгтæ цас цардхъомдæр уой, уый бæрц бæлас фидардæр лæууы зæххыл.


Раджы кæддæр, нæ рагфыдæлты заманы, Уæлладжыры комы тызмæг хæхты хъæбысы иу рæсугъд уæлвæзы æрæнцад Зæрæмæджы хъæу. Ацы хæххон хъæуы райгуырд æмæ йæ царды рæсугъддæр азтæ арвыста номдзыд, ирон дзыллæйы астæу кадджын лæг Магкаты Зураб.

1749 азы Бетъырбухмæ араст ирон адæмы æмæ

Уæрæсейы æхсæн хæлардзинад агурæг.

МагкатыЗурабимæ ма уыдысты Хъесаты Елисей æмæ Фæрниаты Батырмырзæ.

Зураб уыдис 18 æнусы зынгæ дипломат. Бирæ фæцардис Уæрæсейы дæр. Уымæ гæсгæ зыдта уырыссаг, гуырдзиаг æмæ кæсгон æвзæгтæ. Хъесаты Елисейы та ирон адæм зыдтой æфсæддон раздзæуæгæй. Фæрниаты Батырмырзæ дæр адæмы астæу нымад лæг уыд.

Нæ минæвæрттæн бантыст Уæрæсейы хицауадимæ кæрæдзийы бамбарын. Уайтагъд Ирыстоны фæрсмæ æрбынат кодта уырыссаг фидар- Мæздæг.

Уыцы бонæй ацы бонмæ Магкаты Зураб æмæ йе’мсæр лæгтæ уырыс æмæ ирон адæмы æхсæн цы хæлардзинады мæсыг амадтой, уый нæ хæлы, фидар лæууы, æмæ йын рæстæджы тымыгъты бон ницы у.


Ирыстоны хæхты бирæ мæсгуытæ самадтой нæ фыдæлтæ, фæлæ дзы Хетæгкаты Леуаны фырт цы намысы мæсыг самадта, ахæм – ничи. Поэт уыд ирон дзырды бардуаг: зæрдæйæ – хъæздыг, курдиатæй – æххæст.

Нæ зæххыл цы уарзт и,

Ис уымæн бындур:

Хур нарæй ыскасти

Ирыстоны хур.

Къостайы ном хъуыстгонд у канд Уæрæсейы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр. Мæнæ куыд фыста йæ мысинæгты Расул Гамзатов «Был я в Японии. И мне стала приятно, когда в одном из городов нам сказали, что хорошо знают нашего Коста».

Æмæ æгайтма ахæм адæм уыдис æмæ ис Ирыстоны.

Уыдоны æхсæн стыр бынат ахсы ирон æвзджы бындурон уидæгты сусæгдзинæдтæ раиртасынæн йæ

цард æгасæй чи радта, уыцы номдзыд ахуыргонд Абайты Васо йæ рæстæджы фыста: « Ирон æвзаг у хъуыдыйы æмæ æнкъарæнты тæккæ лыстæгдæр æмæ æнаипп, рæвдз æмæ коммæгæс хотых». Нæй дыккаг ирон лæг, Абайты Васойы хуызæн лæмбынæг чи федта ирон æвзаджы уидæгтæ æмæ сын сæ рагон уды хъæд чи рахаста дунейы дзыллæты размæ.

«Уасо»

«Ныййырд йæ цæсгом Уарзт æмæ Хъуыдытæй:

Уый махæн судзы знæт тары цырагъ.

Йæ – хъуыды арт, йæ зæрдæ та- Гæнах,

Кæсы сыгъдæг Уд цæстыты æрфытæй.

Уый рухс ыссыгъта сау Дугты фыстытæй,

Уый райхæлдта Къуыбылойы æндах…

Фæрныг адæмты стыр Ныхасмæ мах

Хæссæм нæ Дзырд историйы цъæссытæй.

Уым мах дзыхъхъы нæ лæудзыстæм уырдыг:

Нæ фыдæлтæ сæ удты рухс кæм сыгътой,

Ыстæм ныр уыцы уæз бынтæй хъæздыг.

Нæ саукусæг, нæ хæстон лæг! Æвзыгъдæй

Ды иугай дуртæ арф кæмтты фæуыгътай.

Æмæ сæ рындзыл самадтай мæсыг».

Уæдæ цас хъæбатыр лæппутæ царди ацы рагон зæххыл! Йæ ирон адæмы бирæ чи уарзта, æгады цардæй мæлæт хуыздæр у, чи загъта, æмæ йæ ирон кад æмæ номы сæрыл цæрынхъуагæй мæрдтæм чи бацыд.

1941 азы уалдзæг, уыцы хæрзарæзтæй ,чындздзон чызгау, сæрды къæсæрыл куы бахызт, зæхх йæ риуы дзаг куы сулæфыд, æмæ хоры хуымты уындæй зæрдæтæ куы радысты, уæд хæсты фæздæг сау мигъау бамбæрзта арвы цъæх.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Райгуырæн бæстæйы сурæт ныв кодтой мады фæлгонцтæй: «Райгуырæн бæстæ – мад дæм сиды», зæгъгæ. Азтæ цæудзысты, фæлтæртæ ивдзысты фæлтæрты, фæлæ ныртæккæйы фæсивæдæй никуы ферох уыдзысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азтæ, дзыллæты амонды сæрыл йæ цард нывондæн чи хаста, уыцы хæстонты рухс нæмттæ, се сгуыхтдзинæдтæ.

Нæ республикæйы цæрджытæй нæуæдз мин адæймагæй фылдæр архайдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Лæгæвзарæн хæстыты хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй не ’мзæххонтæй æвдæй фæндзæн саккак кодтой Советон Цæдисы Хъæбытыры кадджын ном, иуæндæс систы Намысы ордены æххæст кавалертæ.

Хистæрæй- кæстæрмæ, фæлтæрæй- фæлтæрмæ лæджы хуызæн лæгты фарн æмæ æхсарæй хъарм уыди нæ ирон зæхх, нæ ирон къона. Ирон зæлланг ныхас сафын нæ бауагътой æмæ абон дæр нæ уадзынц нæ фысджытæ. Нæ сæрæй сын ныллæг кувæм.

Адæмы ’хсæн кадджын куыннæ уыдысты кафаг лæппутæ, хæсты хъæбатыртæн цы кад уа, ахæм кад сын уыд ирон чындзæхсæвты, æмæ сын сæ кафынмæ

цымыдисæй кастысты. Ноджы кадджындæр уыдысты,

зарыны курдиат кæмæ уыдис, уыдон.

Номдзыд зарæггæнджытæ Баллаты Валодя, Суанты Ким, Хъуылаты Елхъан… Уыдон нал сты, фæлæ сæ фарн мæрттæм нæ ахастой… Бирæ рæсугъд зарджытæ зарынц, йæ курдиаты тæмæны чи бацыд, уыцы зарæггæнджытæ дæр: Хъуысаты Эльвирæ, Сечъынаты Альбинæ, Илурты Риммæ, Хадыхъаты Аллæ, Гæджынаты Руслан, Сохъхъырты Валерий æмæ æндæртæ.

Нæ ирон зæххыл алы рæстæджыты кадджынæй чи фæцард, йæ мæсыг æрдæгамадæй кæмæн баззад, фæлæ царды йæ зæрдæйы уарзондзинадæй йæ фæстæ рæсугъд фæд чи ныууагъта, уыдоны ном рох нæу. Уыдон та сты нæ номдзыд хистæртæ. Сæ ном æнусон уæд, æнусон – сæ кад æмæ намыс.

Амонд мулкæй агургæ нæу, амонд зæрдæйы рæсугъддзинады ис, æмæ цас фылдæр уарзондзинад

байтауæм царды, уый бæрц нæхæдæг уыдзыстæм амондджындæр. Уæдæ хуыцауы фæдзæхстау нæ зæрдыл дарæм иу хъуыддаг: алы адæймаг дæг ацы арвы бын, ацы зæххыл амайы мæсыг: йæ номы, йæ фарны мæсыг. Иу ныхасæй – йæ царды мæсыг.

Абон сæ лæгдзинад, сæ курдиатæй æмæ сæ зæрдæты рæсугъддзинадæй нæ зæххыл царды мæсгуытæ чи амайы, нæ ирон царды дамгъæ фидардæр æмæ рæсугъддæр чи кæны, уыдонæн арфæ кæнæм. Фарн æмæ амонд уæ алкæй хæдзары дæр уæд.



Нæ проект нæ фæуын фæнды Мамсыраты Таймуразы ныхæстæй: «Сæдæгай азты размæ дурæйконд хæстон мæсыг куыд хъуыди, афтæ ног

æнусы дæр хъæуы национ уды хъæды хæстон мæсыг.

Самай йæ дæ зæрдæйы».



















































Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!