СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Литературно-музыкальная композиция к 75-летию со Дня Великой Победы

Нажмите, чтобы узнать подробности

Литературно-музыкальная композицияк 75-летию со дня Великой Победы . Сценарий для учащихся 6 класса с инсценированием стихотворения Мухарбека Кочисова "Последний привет" и исполнением песни "Журавли" на осетинском языке.

Просмотр содержимого документа
«Литературно-музыкальная композиция к 75-летию со Дня Великой Победы»

ЛИТЕРАТУРОН-МУЗЫКАЛОН КОМПОЗИЦИ

УÆЛАХИЗЫ БОНЫ КАДÆН

(Хъуысы Бетховены трагикон музыкæ)

1-аг скъоладзау: Карз хæст райдыдта… Арвау ныццæлхъ кодта тохы фыццаг гæрах, арвы цæлхъау нæргæ ацыд хæхты ’мæ быдырты.

2-аг скъоладзау: Карз хæст райдыдта… Барызт фатхъæд, барызт хъæды рæсугъд æхсин, ссыбар-сыбур кодта æмæ йæхи бауагъта кокка хæрисыл.

3-аг скъоладзау: Карз хæст райдыдта… Ныффæйлыдта дидинæгджын зад кæрдæг, ацагъта йæ рæсугъд къуырфытæй райсомы ‘ртæх, æрхуыссыд зæххыл, стæй сыстад æмæ ныгуылæнмæ акъул.

4-æм скъоладзау: Карз хæст райдыдта… Доны сæрмæ ауыгъд фæлмы бынæй рахъуызыди хъуырдухæнгæнгæ уазал уылæн, йæхи ныццæлхъ кодта дурты цæндыл æмæ æртæхгай баиу иннæ уылæнтимæ.

5-æм скъоладзау: Хæрзбон, æнцойдзинад, хæрзбон!

Мæлæтон дымгæ сæдæ ’взагæй ныхситт кодта, атахти быдырты, стыдта фурды уылæнты сæ урс бæрцытæй æмæ сæ ныццæлхъ кодта айнæджы фидар ныхыл. Хæрз-бо-он!

1-аг скъоладзау: Сау мигътæ æрбацæуынц, сау мигътæ æрбассæндынц ныгуылæнæй… Гъей, уардзæн тагъд… Туджы къæвда ныууардзæн тагъд!.. Фидар лæуут, сæрибар уарзджытæ, мачи фæтæрсæд!

2-аг скъоладзау: Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы…Мачи фæтæрсæд!

5-æм скъоладзау: Уæ гæрзтæм, ног дуджы цæуæт!

(Хъуысы ирон æнкъард мелоди)

4-æм скъоладзау:

Уæд æнафоны цыдысты хæстмæ,

Бæстæ уыд фæлладхуыз æмæ тар.

Мад йæ фыртæн разтыргъы фæдзæхста:

(Мад æмæ фырт хæстон дарæсы рацыдысты сценæмæ. Мад дæтты йæ фырты къухмæ кард):

Мад: Ма ныууадз дзæгъæл дæ фыды кард!

Уый дын тохæй рарвыста лæварæн,

Рызт йæ уæлæ хъарм туджы æртах. (Мад ныттыхсы фыртыл).

Æз дæуыл, мæ хур, мæ зæрдæ дарын,

Ды уæлахизæй кæй раздæхдзынæ тагъд.

Фырт: (райста йæ мады къухæй хъама, æрæвæрдта йæ мады уæхскыл йæ къух, рацыди размæ, хъама йæ къухы, афтæмæй, дзуры залмæ):

- Мыййаг, хæсты быдыры искуы

Куы фæуон мард…

Æмæ куы аскъуына æмбисыл

Мæ рæзгæ цард.

Мыййаг, куы нал фæуон кæронмæ

Мæ зарæг æз.

Æмæ куы бамыр уа бынтондæр

Мæ сонт хъæлæс…

Мыййаг, куы фæсыкк уой мæ фæндтæ,

Мæ рухс фæндаг…

О, курын уæ, зынаргъ æмбæлттæ,

Æз иу хъуыддаг.

Зæгъут-иу мын мæ зæронд мадæн,

Куы фæуа хæст:

Хæсты быдыры, зæгъ,фæмард дæн

Цытимæ æз.

Зæгъут-иу ноджыдæр Кавказæн

Салам мæнæй.

Æцæг хъæбулау дæ, зæгъ, уарзтон

Зæрдæбынæй.


(Хæстон разылд, фæцæуы. Музыкæ исдуг фæхъус. Райхъуыст автоматты къæр-къæр. Салдат исдугмæ æдзынæгæй лæууы, разылд, йæ фæстаг ныхæстæ фæдзæхсты хуызы дзуры):

Зæгъут-иу мын мæ зæронд мадæн,

Куы фæуа хæст:

Хæсты быдыры, зæгъ, фæмард дæн

Цытимæ æз.

(Музыкæ хъæрдæрæй хъуысы).

1-аг скъоладзау:

О, куыд хорз уыд цæрын!

Ехх, цæй зын у мæлын…

Ды нæ фæдæ дæ зарæг кæронмæ,

Ды нæ фæцыдтæ фидæны бонмæ.

2-аг скъоладзау:

Ехх, куыд хорз уыд цæрын:

Хохаг сабыр изæрты

Дæ сæрты

Судзгæ стъалы цæхæркалгæ тахт.

Ныр дæ сау мæлæт айсдзæни тагъд.

Уартæ знаджы фыднæмыг

Дæ зæрдæмæ хъавгæ ыстæхы…

Ды æрхаудтæ сæумæйы æртæхыл,

Дæ райгуырæн зæххыл…

3-аг скъоладзау:

О, цæй зын у цæрын!

О, стыр кад у мæлын

Уарзон Райгуырæн бæсты сæрвæлтау!

Худгæ рухс хуры тын,

Арвы авдхуыз æрдын

Ды фæстагæттæн уадзыс дæ фæндау!

(Хъуысы лирикон мелоди).

1-аг скъоладзау:

Банцад хæст. Ныссабыр и йæ хъæр…

Ферох ысты хъæубæстæй сæ ристæ…

Уарзон чызджы ракуырдта æндæр,

Буц хотæ ызнон сæ саутæ систой.

2-аг скъоладзау:

Фæлæ мад, ныййарæг мад, уæддæр

Не ‘ууæнды йæ хъæбулы мæлæтыл,

Не ‘ууæнды уый писырты гæххæтыл,

Не ‘ууæнды, кæй банцад тохы хъæр.

3-аг скъоладзау:

Бирæ ‘хсæвты не рцъынд кæны цæст,

Иу бон дæр æнæ кæугæ нæ фæци.

А дунейыл раджы банцад хæст,

Фæлæ мадæн хæст нырма нæ фæци…

(Музыкæ. Зарæг «Журавли»)

«Хърихъуппытæ»

1-аг скъоладзау:

Хæстæй хъæмæ, кæсы мæм хатгай афтæ,

Цы салдæтты нæ рауагъта мæлæт,

Нæ ныххызтысты уыдон зæххы арфмæ,-

Урс хърихъуппытæ фестадысты уæд.

2-аг скъоладзау:

Уæдæй нырмæ, æнæрлæугæ, тæхгæйæ,

Уæлвонгæй хъуысы уыдоны хъæлæс.

Æмæ сæм кæд æдзынæгæй кæсгæйæ,

Æрхæндæг арæх уымæн кæнын æз.

3-аг скъоладзау:

Тæхы, тæхы фæлладæй даргъ хал арвыл-

Мæ хæстæг, къабаз, рагхæлар, лымæн.

Æмæ и се ‘хсæн къаннæг бынат – афтид,

Гъе уыцы бынат, чи зоны, у мæн!

4-аг скъоладзау:

Æрцæудзæн бон, æз байдайдзынæн ахæм

Цъæх фæлмы хърихъуппытимæ тæхын,

Æмæ уæларвæй хъæр кæндзынæн маргъау

Сымахмæ æз, кæй ныууагътон зæххыл.





3




Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!