СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Ирон адæмæн се стырдæр хæзна у ирон æвзаг.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Алы адæмы хаттæн дæр йæ мадæлон æвзаг у се 'ппæтæй стырдæр хæзна. Ирон адæмæн се стырдæр хæзна у ирон æвзаг.

Просмотр содержимого документа
«Ирон адæмæн се стырдæр хæзна у ирон æвзаг.»

Бæрæгбоны райдайæн : хъуысы ирон гимн.

Рацыдысты 2 амонæджы.

М: -Уæ бонтæ хорз, зынаргъ æмбæлттæ! Æгас нæм цæут æмæ уыл рæсугъд бæрæгбæттæ цæуæд!

Д: -Абон нæ республикæйы адæм ирон æвзаджы бæрæгбоныл цин кæнынц.

М: -Ирон бæрæгбон та æнæ рæсугъд фæндырдзагъдæй, æнæ аив кафтæй нæ фидауы.



Кафы Персаты С. " Гогонимӕ кафт".

Д: -Мин аст сæдæ нæуæдз фарæстæм азы фынддæсæм майы фыццаг хатт рацыд мыхуыры Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд "Ирон фæндыр". Уымæ гæсгæ дыууæ мин æртыккæгæм азæй фæстæмæ фынддæсæм майы бæрæг кæнæм ирон æвзаг æмæ литературæйы бон.

М:- Алы адæмы хаттæн дæр йæ мадæлон æвзаг у се ппæтæй стырдæр хæзна. Ирон адæмæн се стырдæр хæзна у ирон æвзаг.

Æмдзæвгæ "Ирон æвзаг" Гагоева К.

Ирон æвзаг-нæ хæзнаты хæзнадæр,

Æвидигæ, ӕлутонау, йæ тых.

Нæй махæн уымæй а зæххыл зынаргъдæр,

Æнустæм у æнæмæлгæ, хъæддых.



Ирон дзырд.

Чеджемты ᴁхсар.

Дӕ зӕрдӕйы бынӕй цы бӕстӕйы уарзыс,

Гъе уый у дӕ хъысмӕт, дӕ ном.

Ирон дзырд у махӕн нӕ фыдӕлты намыс,

Ирон дзырд - нӕ Иры цӕсгом.



Ирон дзырд, мӕ хуртӕ, ӕнусты цӕргӕс у ,

Цӕй рагӕй йӕ агуырдтон ӕз!

Ирон дзырд, ирон дзырд… уый мады ӕнгӕс у .

Ирон дзырд - Хуыцауы хъӕлӕс.



Ирон дзырд у хурдзӕсгом, зӕххыл нӕ цуды,

У арв та йӕ базырты бар.

Уый уалдзыгон бонау йӕ мидбылты худы,

Уый гом кæны зӕрдӕйы дуар.



Дӕ зӕрдӕйы бынӕй цы бӕстӕйы уарзыс,

Гъе уый у дӕ хъысмӕт, дӕ ном.

Ирон дзырд у махӕн нӕ фыдӕлты намыс,

Ирон дзырд - нӕ Иры цӕсгом.





Зарæг " Мадæлон æвзаг".

Мах нырма стæм сабитæ,

Афтæмæй фыссæм.

Ахуыр кæнæм абетæ,

чингуытæ кæсæм.



Цас аргъæуттæ базыдтам,

Цас диссæгтæ,

Раст, цыма, зæрватыккау,

Чиныг у æгас.



Цас уарзæм ирон æвзаг,

уый зæгъæн дæр нæй.

Мады рæвдыд, мады ад

Базыдтам дæуæй.



Бон изæрмæ кадджытæ

Мах фæкæсæм фаг

Зæрдæйæн куыд адджын дæ

Мадæлон æвзаг.

Д:- Адæмы зонд æмæ зæрдæмæ фæндаг ссарыны тæккæ хуыздæр æмæ растдæр мадзал у уыдонæн се ʹвзаг базонын. Адæмæн се ʹвзаг цас тынгдæр базонай, уыйбæрц сын тынгдæр базондзынæ сæ зонд æмæ сæ зæрдæ, - фыста уырыссаг фыссæг К.Д Ушинский.



М:- Дунейы тæккæ хуыздæр хæрзтæн у сæ хуыздæр- мадæлон æвзаг, чи йæм кæсы иунæг боны цæстæй, гъе уый у йæ адæмæн знаг,- фыста ирон фыссæг Цæгæраты Гиго.

Æмдзæвгæтæ. Ирон æвзаг.

Ирон æвзаг! Алайнæгты рæсугъд дзырд!

Дæ ратæдзæн цæй рагон у, цæй дард!

Кæй - иу хуыдтой æцæг ирон лæджы фырт,

Гъе уый, дам - иу, æгъдауы сæрыл мард.



Ирон æвзаг! Ды дугæмдзу бæлццон дæ,

Ирон царды цыкурайы фæрдыг.

Ирон адæм сæ фидæны фæдонтæн

Дæу рахондзысты се стырдæр мæсыг.



Цæудзысты азтæ, ивдзысты фæлтæртæ,

Æнусты сæрты хиздзæнис æнус,

Фæлæ уæддæр, алайнаг дзырды зæлтæ,

Ирон зæххыл сымах уыдзыстут буц.



Зарӕг: «Ирон лӕджы кадӕн».



Нӕ Иры иронӕй кӕмӕ ис ӕгъдау,

Уый хизӕд фыдбонӕй, фыдмастӕй Хуыцау.

Ирыстон йӕ цӕсты кӕмӕн нӕу ӕгад.

Ирыстон мӕ бӕсты кӕмӕн у йӕ мад.





Æгъдауӕй, ӕвзагӕй нӕм чи у ирон,

Ирыстоны рагӕй нӕ халы йӕ рон.

Йӕ бӕстӕ йӕ мадау кӕмӕн у зынаргъ.

Кӕмӕ кӕсы кадау, Ирыстон, дӕ уаргъ.



Д: Ирон æвзагыл дзурынмæ кæддæриддæр тырныдтой æндæр адæмы минæвæрттæ дӕр, æмæ сын уый сæ кад дæлдæр никуы фæкодта. Сæ рæстæджы уырыссаг стыр ахуыргæнттæ Шегрен æмæ Миллер иттæг хорз сахуыр кодтой йæ фыццаг грамматикæ. Ныртæккæ ирон æвзаг наукон æгъдауæй ахуыр кæнынц бирæ фæсарæйнаг бæстæты.

М:- Нæ зындгонд ирон ахуыргонд Абайты Васо та афтæ фыста: -Ахуыргонд адæймаг æппæты фыццаг йæ мадæлон æвзаг сахуыр кæны, стæй уæд æндæр адæмы ʹвзæгтæ.

Æмдзæвгæ «Мадæлон æвзаг». Дряева А.

… Сты зондæн уацхæссæг

Æппæт дунейы ʹвзæгтæ.

Нæ дзы зонын хæстаг æви дӕрттаг,

Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ

Æрмæстдæр ды - мæ мадæлон æвзаг.



Д: Таурæгъ "Хуыцауы зæхх".

Ис ахæм рагон таурæгъ: Хуыцау, дам, Дуне арæзта. Йæ куыст фæци æмæ загъта: Ныр та ахæм бæстæ аразын, мæхæдæг кæм цæрон. Æмæ сфæлдыста Ирыстон. Кавказы хæхты астæу æрбынат кодта Ирыстон. Йæ иу кæрон Арвыкомы æнусон хæхтæ, иннæ кæрон Мæздæджы æнæкæрон быдыртæ, бæркадджын быдыртæ, фыдæлты мæсгуытæ, цъæх-цъæхид арвыл хæххон цæргæс, сыгъдæг уæлдæф, æмæ хосгæнæг суӕрттæ, фосы дзуг æмæ хохаг фиййауы уадындзы цагъд.

М:- Ацы Хуыцауæй хорзæхгонд зæххыл фæзынди дунемæ ирон адæмы уарзондæр хъæбул Хетæгкаты Къоста.

Æмдзæвгæ Къостайы лæвар. / Чеджемты Æхсар/.

Чи у, чи нæм кæсы къамæй?!

Чи у уыцы хæрзконд лæг?

Уый, сывæллæттæ Къоста у,

Иры уарзондæр фыссæг.

Уый сымах куыд бирæ уарзта,

Иры сабион фæлтæр!

Уый нын амондау æрхаста

Хорз хæзна - " Ирон фæндыр"!



Зарӕг «КЪОСТА» №57.

Д: -Адæмон аргъæуттæ, таурæгътæ æмæ кадджытæ сдзырдтой рæсугъд поэтикон хъæлæсæй Къостайы чиныджы.

М:-Дунейыл цы æвзæгтæ ис, уыдонæй бирæтæ сæфты къахыл лæуд сты, цæмæй уыдоны хсæн ирон æвзаг дæр ма фæуа, уый тыххæй нæ хъæуы Къостайы рæсугъд æвзаг цæсты гагуыйау хъахъхъæнын. Тынг цымыдисаг кæсы бирæ ахуыргæндтæм ирон æвзаг. Суанг ма йæ фæсарæйнаг университетты дæр ахуыр кæнынц.



ᴁмдзæвгæ " Авдæны зарæг".

Сабийæн авдæнмæ мад ӕхсыр дары,

Митбылты худгæ йын "А-ло-лай" зары.

Саби дæр раст цыма зарæг æнкъары,

Мады ныхæстимæ не взаг æмбары.

Байрæз мын, байрæз, мæ зæрдæйы уидаг,

Сомбон нæ Ирæн куыд уай ды ысуинаг,

Макуы сив Мады ᴁвзагыл дæ зæрдæ,

Ничи дын загъдзæн, мæ хур, уæд "æвзæр дæ".



Сабиты зарӕг.

Сабитӕ, азарӕм иумӕ нӕ зарӕг.

Махӕн нӕ райгуырӕн бӕстӕ нӕ дарӕг.

Арвӕй рӕсугъддӕр, хурӕй тыхджындӕр,

Махӕн нӕ бӕстӕ, гъей!

Арвӕй рӕсугъдӕр, хурӕй тыхджындӕр –

Нӕ Иры бӕстӕ, гъей!



Зарӕм нӕ зарджытӕ барджын, уӕндонӕй

Иумӕ фӕллойгӕнӕг сабиты номӕй.

Арвӕй рӕсугъддӕр, хурӕй тыхджындӕр,

Махӕн нӕ бӕстӕ, гъей!

Арвӕй рӕсугъдӕр, хурӕй тыхджындӕр –

Нӕ Иры бӕстӕ, гъей!



Æнæмæнг, алы ирон бинонтæ, алы ирон сывæллон дæр хъуамæ зона ирон æвзаг, хъуамæ кæрæдзимæ иронау дзурой. Фæлæ, хъыгагæн, бирæ ирæттæ ферох кæнынц сæ мадæлон æвзаг, иронау дзурын сæ сæрмæ нал фæхæссынц. Ферох сæ вæййынц куырыхон хистæрты ныхас : йæ мадæлон æвзаг чи ферох кæны, уыцы адæймагæн нæй цæсгом, нæй фидæн.



ᴁмдзæвгæ Иры зæхх. Чеджемты ᴁхсар.

Иры зæхх- Нарты фыдыбæстæ.

Иры цот- хурмæ тырнæг.

Ацы бæрзонд хæхты цæргæстæ

Никуы фæтæхынц ныллæг.



Ир та нæхи туг, нæхи стæг у,

Ир у нæ фыдæлты кад.

Нарты Уырызмæг нæ хистæр у,

Нарты Сатана - нæ мад.



Æмдзæвгæ «Мадæлон æвзаг». Даурæ.

Дзур, мæ къона, дзур иронау.

Азтæ атæхдзысты бонау .

Хорз лæг уыдзынæ кæддæр.

Бахъæудзæн дæ гъеуæд сæр.

Базон кафын æмæ зарын,

Зон дæ адæмы нымайын.

Ма у не гъдæуттæн ызнаг.

Уарз дæ мадæлон æвзаг.

1 къласы ахуырдзаутæ

:Мæнмæ гæсгæ алы ирон адæймаг дæр хъуамæ зона йæ мадæлон æвзагыл аив дзурын уарза мæ райгуырæн зæхх, йæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ сыл йæ зæрдæ макуы сива. Дæумæ та куыд кæсы?

: Æз дæр демæ разы дæн. Иронау куы фæдзурын, уæд мæ зæрды сæвзæры рæсугъд æнкъарæнтæ. Афтæ мæм фæкæсы, йыма бæстæ фæрайдзастдæр вæййы, хур тынгдæр тавын райдайы, цъиутæ хъæлдзæгдæр базарынц.

: Мæнæн дæр ирон æвзаг у се ппæтæй уарзондæр. Гыццыл саби куы уыдтæн, уæд мын мæ мад авдæны зарджытæ иронау кодта, ныр та мын нана фæдзуры ирон аргъæуттæ, фыдæлты таурæгътæ иронау. Уæдæй нырмæ цæры мæ зæрдæйы ирон рæсугъд ныхас æмæ йæ ничиуал стондзæн мæ риуæй.

Алантæ… Хацырты Сергей.

...Алантæ, алантæ - нæ номдзыд фыдæлтæ,

Дунейы хæзнаты хуздæрты хуыздæртæ!

Аланты æвзаг у нæ абон, нæ фидæн,

Аланты æвзагæй мах дунемæ сидæм :

Æрцæуыт нæ гимназмæ, фенут уæ цæстæй,

Нæ хæхтау- æхсарджын йæ æндон цæргæстæ!



Зарæг : Гыццыл алантæ.

У мæ хæлар чызг Аланкæ

Ме 'фсымæр та у Алан.

Мах ыстæм гыццыл алантæ

Æз-Æхсæртæг, ды - Сослан.

Мах алантæ, мах алантæ,

Хъуысы фидæнмæ нæ зард,

Ис нæ размæ хорз нысантæ-

Ахуыр, Амонд æмæ Цард.



Æмдзæвгæ " Ирон фæндыр".

Ирон фæндыр нын баззади фыдæлтæй.

У махæн та нæ хæзнаты хуыздæр.

Ирон фæндыр … Рæсугъд зæрдæйы фæндтæй

Уый равзæрди, уый райгуырди кæмдæр.

Æнæ фæндыр нæ фидауы Ирыстон,

Æнæ фæндыр мæгуырдæр кæны зæхх,

Фæндырдзæгъдæг, дæ цагъдмæ дын ныхъхъуыстон ,

О, исты мын йæ цины зæлтæй зæгъ.



*Фӕндыры цагъд.(Неля+Миша).

*Ныхасы бар А.Г Сӕргълӕууӕг Ц.М. (вручение грамот).

М: Нӕй кӕрон Ирон аив ныхасӕн, Ирон ӕгъдауӕн, Ирон ӕфсармӕн.

*Стихотворение «Ирон чызг» Персаты С.

М: - Нæ абоны бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ.



Д: -Цины бæрæгбæтты æмбæлут.

Фон : Музыкӕ.










Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!