Эстрадон-сатирикон миниатюрæ
«Педсовет»
Архайджытæ:
Скъолайы директор (Дзасохов А.)
Йæ нервтæ кæмæн нал бæззынц, ахæм ахуыргæнæг (Наниев Т.)
Модæйæн йæ разæй чи фæци, ахæм ахуыргæнæг (Габеев С.)
Ӕрыгон ахуыргæнæг (Зигоева А.)
Ирон æвзаджы ахуыргæнæг (Никколов В.)
Фæллойы ветеран – зæронд ахуыргæнæг (Хоруев А.)
Иннæ ахуыргæнджытæ (Туаева В., Варзиева И., Толпарова М.)
(хъуысы дзæнгæрæг, ахуыргæнджытæ бадынц, æнхъæлмæ кæсынц директормæ. Хъæрæй ныхас кæнынц, кæрæдзи нæ хъусынц)
1-аг ах. Ачи силгоймæгтæн æвдгай одтæ ис тикистау. Лично мæ бон нæбал æй скъолай косун.
2-аг ах. Чи ма фæразы, ЕГЭ, мониторинг, выбортæ, конкурстæ, уроктæ та кæд хъуамæ кæнæм?
3-аг ах. Ӕххæст ма нын зарплатæ дæр афтæ куы фидиккой…
4-æм ах. Коллеги, где журнал 9 «А» класса? Опять завуч ругается…
5-æм ах. whether today salary
6-æм ах. Физкультурæйы ахуыргæнæг æхситт кæны
(хъуысы тызмæг музыкæ, æрбацыд директор, )
Директор: Зынаргъ æмбæлттæ, ацы сахат
Ӕз райдайдзынæн нæ ног рабадт
Мах хъуамæ абон сбæрæг кæнæм
Куыд кусæм дарддæр, мæ куыд цæрæм!
Нæ куысты хъуыддаг фæзын ногæй
Кæй фæнды дзурын? Ныхас æргомæй
Нервный
ахуыргæнæг: Мæ сæры фæрстæ тонынц фæйнæрдæм
Сывæллæтты хъæр цæуы кæцæйдæр
Ӕз хъуамæ ныр мæхимæ æркæсон
Мæ нервтæ мын ам бахордтой бынтон
Ӕстæм «А» къласмæ бацæуон, фæлтау
Ӕз дуртæ ме 'ккой хæсдзынæн лæгау
О, ме 'мкусджытæ баххуысс мын кæнут
Цы 'рхъуыды кæнон, уый ма мын зæгъут
Ах, мæ бон, цы фæуон
Кæдæм цæуон, цы ма кæнон
Ах, мæ бон, ыскæнон
Ӕз ацы цардæн йæ кæрон
(2-йæ йæ иргъæвынц. Бадын æй кæнынц йæ бынаты)
Иумæ: Хиуыл фæхæц, хиуыл фæхæц 2 раза
Дæ, дæ, дæ, дæ, дæ, дæй
Бабын ыстæм, сæфæм
Директор: Стыр бузныг! Кæй ма фæнды зæгъын…
Ныхасы бар дын.
Модæйылхæст
ахуыргæнæг: Мæ бон нæбал æй атемæй цæрун
Дзæбæх хъæппæл мæ бон нæй æлхæнун
Мæ ачи ходи æртиккаг сезон
Чи цæсгомæй æз гъенур æрветон
Сæумæй изæрмæ хъиамæт кæнун
Ма анзмæ еухатт физонæг хуæрун,
Фал уæддæр зæронд дзабурти цæун.
Нæбал мæмæ цæуй, «вообще», цæрун
Ах, мæ бон, чи фæууон
Кумæ цæуон, чи ма кæнон
Ах, ма бон, искæнон
Ӕз ачи цардæн йæ кæрон
Ходуйнаги бæсти – мæлæт. (йæхи ауындзынмæ хъавы)
(2-йæ йæ иргъæвынц. Бадын æй кæнынц йæ бынаты)
Иумæ: Хиуыл фæхæц, хиуыл фæхæц 2 раза
Дæ, дæ, дæ, дæ, дæ, дæй
Бабын ыстæм, сæфæм
Директор: Стыр бузныг! Кæй ма фæнды зæгъын…
Ныхасы бар æрыгæттæн
Ӕрыгон
ахуыргæнæг: Ӕз дæр уын рагæй хъавыдтæн зæгъын
Кæй нал мæ фæнды уроктæ дæттын
Дзæгъæлы дзурын бон-изæрмæ æз
Мæ ныхæсты æппындæр нал ис уæз.
Мæ фæнд у дардмæ ардыгæй цæуон
Нæ зонын уæдæ, цы рхъуыды кæнон
Сымах дæр ма мын бацамонут зонд
Цæмæй æз дæр хæссон мæ сæр бæрзонд
Ах мæ бон, цы фæуон
Кæдæм цæуон, цы ма кæнон
Ах мæ бон, цы фæуон
Дзæгъæлы фесæфти диплом.
(2-йæ йæ иргъæвынц. Бадын æй кæнынц йæ бынаты)
Иумæ: Хиуыл фæхæц, хиуыл фæхæц 2 раза
Дæ, дæ, дæ, дæ, дæ, дæй
Бабын ыстæм, сæфæм
Директор: Стыр бузныг! Кæй ма фæнды зæгъын…
Ныхасы бар ирон æвзаджы ахуыргæнæгæн
Ирон æвзаджы
ахуыргæнæг: Ӕз диссаг федтон, сусæг цы кæнон
Ирон фæсивæдмæ æгъдау нал ис бынтон
Ирон лæппутæ, ирон чызджытæ
Ӕрвылбон кæнынц æнæуаг митæ
Хæдзары уой, уынджы йе скъолайы
Ирон ныхас сæ сæрмæ нал хæссынц
Ӕдзух интернеты уыдон бадынц
Хистæрæн бынат æппын нал дæттынц
Ах, мæ бон, цы фæуон
Кæдæм цæуон, цы ма кæнон
Ах мæ бон цы фæуон
Ивгъуыд заманмæ раздæхон
(2-йæ йæ уромынц. Бадын æй кæнынц йæ бынаты)
Иумæ: Хиуыл фæхæц, хиуыл фæхæц 2 раза
Дæ, дæ, дæ, дæ, дæ, дæй
Бабын ыстæм, сæфæм
Директор: Стыр бузныг! Кæй ма фæнды зæгъын…
Ныхасы бар фæллойы ветеранæн
Зæронд
ахуыргæнæг: Йæ зæрдæ раргом алкæмæн бынтон
Фæнды мæ бæргæ, баххуысс уын кæнон
Фæлæ дзæгъæлы систат цъиувæдис
Хъуыддаг æнæмæнг рарастгæнæн ис,
Иугай гæрæхтæй ницы фестæм ныр
Ӕмæ не знæгтæ бакæнæнт зыр-зыр
Куы нæ фæхуыздæр уа гъеныр нæ фадат
Уæд зонæнт у цæттæ мæ автомат
Ах, мæ бон, куыд кæнон
Хиуыл хæцон, æви бырсон
Ах, мæ бон куыд кæнон
(Директор æй уромы æмæ йæ бадын кæны)
Иумæ: Хиуыл фæхæц, хиуыл фæхæц 2 раза
Дæ, дæ, дæ, дæ, дæ, дæй
Бабын ыстæм, сæфæм
Ахуыргæнджытæ
иумæ: Нал нæ фæнды, нал нæ фæнды
Нæ, нæ,нæ,нæ,нæ,нæ
Афтæ кусын, афтæ цæрын бадгæйæ
Нæ, нæ,нæ,нæ,нæ,нæ
Баххуысс нын кæн, курæм.
Цас нæ бон уыд бафæрæзтам
Нæ, нæ,нæ,нæ,нæ,нæ
Цас нæ бон уыд ницы дзырдтам лæугæйæ
Нæ, нæ,нæ,нæ,нæ,нæ
Баххуысс нын кæн, курæм
Директор: Курдиат æз сæххæст кæндзынæн.
Мин хаты мызд фылдæр фæкæндзынæн.
Иумæ: Алкæмæн дæр?
Директор: Ӕнæмæнг уе ппæтæн дæр!
Иумæ: Ура! Ура! Ура!
Директор: Ахуыргæнджыты курдиатмæ гæсгæ сывæллæтты се ппæты дæр сурын скъолайæ!!!
Иумæ: Се 'ппæты дæр?
Директор: О, се 'ппæты дæр!
(Ахуыргæнджытæ сарæзтой хъазт, кафынц)
(Чысыл фæстæдæр æнкъардæй бадынц)
Иумæ: Ӕнæ сывæллæттæй куыд цæрæм?
Ӕмæ сæ уындмæ ныр куы бæллæм
Иу ахуыргæнæг: Ӕнæ уыдон ныр кæй хъæуæм?
Иумæ: Никому!!!
Нæ мызд дæр нæу ныр афтæ гыццыл
Ӕмæ нæ куыст дæр куы нæ у афтæ зын
Мах скъолайæ нæ фæнды никæдæм
(дзæнгæрæг хъуысы)
Эх, хицау, цы зæгъæм
Фырцинæй зарджытæ кæнæм
Эх, хицау, дæ фæндон
Ӕххæст кæндзыстæм æрвылбон
(Петровичæн йæ зæрдæ хъарм кæны)
Хиуыл фæхæц, хиуыл фæхæц
Мах дæр дæумæ куы кæсæм
Хиуыл фæхæц, хиуыл фæхæц
Мах дæр дæумæ куы кæсæм
Фидар лæуу, Петрович!
ВСЁ!!!