СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Доклад: "Ма уарзондар ныв Хетагкаты Къостайы сфалдыстады".

Нажмите, чтобы узнать подробности

На картине "Каменоломня" автор описывает жизнь детей-горцев.

Просмотр содержимого документа
«Доклад: "Ма уарзондар ныв Хетагкаты Къостайы сфалдыстады".»



Нœ мœгуыр,нœ сидзœр,

Æнœхай куыстœй,

Хуыцаумœ дзыназынц

Æстонгœй, сыдœй...



Ацы аз 2019 азы œххœст кœны зындгонд поэт œмœ нывгœнœг Хетœгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы. Нœй аивады ссарœн ахœм хуыз œмœ Къоста кœм нœ ныууагъта йе'стыр дœсныйад. Уый уыдис поэт, прозаик, публицист œмœ курдиатджын нывгœнœг, нывкœнынады бындурœвœрœг. Уыдис Къоста дœсны зарœггœнœг, дœсны кафœг œмœ арœхстджын бœхылбадœг. Мах дисы бацœуœм: иу адœймагœн куыд œнтысы аивады œппœт хуызты дœр афтœ арœхстджынœй архайын.

Æз Къостайы уацмыстœн кœнын œнœкœрон аргъ, скъолайы дзы кœй сахуыр кодтам, уымœй уœлдай ма йын фœкœсын йœ иннœ œмдзœвгœтœ дœр. Уœлдай дисы мœ бафтауынц йœ диссаджы нывтœ. Цы ма уа уымœй диссагдœр œмœ йœ ныййарœг мады сурœт йе схœссœг Чендзейы ныхœстœм гœсгœ чи сныв кодта. Æмœ мах куыд зонœм, афтœмœй Маряйы чи зыдта, уыдон загътой œцœгдœр куыддœриддœр уыдис йœ мады сурœт, афтœ йœ сныв кодта.

Къоста куыд йœ диссаджы аивадон уацмысты, афтœ йœ нывты дœр бавдыста адœмы зын цард. Нœ цœстытыл ауайын кœндзыстœм "Сывœллœттœ-дурсœтджытœ", зœгъгœ, уыцы ныв. Ацы ныв Къоста райдыдта фыссын 1886 азы Петербурджы аивœдты академийœ куы сыздœхт Владикавказмœ, уœд.

Къостайы нывœн йœ темœ у сабиты зын цардыл. Уыдон сœ зын царды уавœрты аххоссœй кœнынц ,сœ бон баххœст кœнын цы куыстœн нœу, ахœм куыст.

Уынœм ныв "Сывœллœттœ-дурсœтджытœ"-йы Алан œмœ Гермœны, сты бœгънœг,œххормаг. Сœ гыццыл зœрдœтœй œмбарынц сœ уавœр, œнкъард цœстœнгасœй адœймаджы зœрдœ нырризы. Зонынц сабитœ сœ дуджы царды зын, бавзœрстой йœ сœхи бœрзœйтыл. Сты œххормаг, сœ хордзенмœ амоны Гермœн, œрхœццœ сихор кœнын афон, фœлœ хордзен дœр у афтид.

Ноджы нывы Къоста аив ахорœнты руаджы бывдыста œрдзы рœсугъддзинад, нœ хœхтœ, нœ хъœдтœ, нœ рœсугъд œрттиваг дœттœ. Нœй рœсугъддœр Кавказы œрдзœй. Къоста нывы бавдыста дыууœ лœппуйы иузœрдион хœлар Силœмы, уый дœр сыл у тынг œнувыд, бады сœ фарсмœ, цыма сœ хъахъхъœнгœ кœны, афтœ. Кусынц сабитœ, фœлœ кусгœ-кусын та сагъœс кœнынц, цыма афтœ кœдмœ уыдзœн нœ цард, кœд бакœсдзœн нœ зœрдœтœм рухс.

Уыцы хъуыдытœ сын Къоста бамбœрста œмœ дурты астœу скœсын кодта сырх дидинœг. Сœ зœрдœты сын бауагъта цавœрдœр зынджы стъœлфœн. Сырх дидинœг уый бœрœггœнœн у, œмœ кœд ацы сабитœ ахœм уавœрты сты, уœддœр нœ дардмœ уынаг Къостайы уырныдта,кœй œрцœудзœн ахœм рœстœг, œмœ œппœт адœм дœр кœй райсдзысты сœ бартœ.

Къостайы уырныдта, Алан œмœ Гермœны хуызœттœн сœ размœ кœй байгом уыдзœнис уœрœх фœндœгтœ ахуырмœ, царды бœрзœндтœм.

Уымœ гœсгœ йе'ппœт хъарутимœ дœр, йœ аивады тых, йе'ппœт цард дœр Къоста снывонд кодта адœмœн. Уый, кад ын уа, ууыл никœд тох кодта, уый тох кодта œрмœст сœрибарыл, цœмœй адœмы уœнгтœ цы рœхыстœй баст уыдысты, уыдон атыдтаиккой,ууыл. Æмæ сæрибарæй цæмæй сулфыдаиккой дзаг рœуджытœй. Æмœ œрцыдис ахœм рœстœг, адœм сиу кодтой сœ хъарутœ, сœ зондахаст, афтœмœй стох кодтой знœгты ныхмœ.

Паддзах œппœрст œрцыдис. Зœххытœ байуœрстой адœмœн. Сœ цардœн сœхœдœг уынаффœ кœнын райдыдтой.

Суœгъд сты Кавказы адœмтœ дœр. Уыдонимœ Ирыстоны мœгуыр адœм дœр, суœгъд сты хœхбœсты зын фадœтты чи цардис, уыдон дœр.

Уœдœй нырмœ рацыд бирæ азтæ. Нœ сывœллœттœ цœрынц уал азы сœрибарœй. Нœ адœм иу œнтыстдзинадœй иннœмœ цœуынц фидар къахдзœфтœй.

Къоста, сывœллœттœн цœмœ бœллыдис, уый сœххœст ис Советон дуджы, сабитœ нал кœнынц ахœм зын куыстытœ, уыдон размœ байгом алыхуызон фœндœгтœ ног царды.

Ис сабитœн рœвдауœндœттœ, фœлладуадзœн лагертœ, сывœллœтты дзœбœхгœнœн санаторитœ, œмœ алыхуызон скъолатœ.

Уыдон ныр ахуыр кœнынц алыхуызон скъолаты, райдзаст кълœсты. Нœ хицауад архайы, цœмœй сабитœ рœзой œнœнизœй. Цœмœй сыл дуне уа сабыр,цœмœй сœ цинœйдзаг зœрдœтœ уой хъœлдзœг. Æмœ байрœзой амондджынœй. Цœмœй ныл хур кœса сыгъдœг арвы бын, œхсœв цœмœй хуыссой сабыр…















Æрыдоны 3-æм астæуккаг скъолайы

ирон æвзаг æмæ литературæйы

ахыргæнæг Байты Л.С.


Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!