СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Басни Коста Хетагурова.

Нажмите, чтобы узнать подробности

 Основоположник осетинского языка и литературы Коста Хетагуров .К сборнику стихов и басен.

Просмотр содержимого документа
«Басни Коста Хетагурова.»

Дӕ фыдӕлтӕ рухсаг, Дӕхӕдӕг мын бӕзз! Ныртӕккӕ уын диссаг Ӕрхӕсдзынӕн ӕз. Бирӕгъмӕ та раджы Арс кӕмдӕр хӕцыд. Диссаг ӕвналынмӕ Цас ын ӕнтысти! Уалынмӕ уоны стӕг Хурхы нынныхсти. Уӕд дын ӕм рувас Кӕцӕйдӕр рауад: Мӕ хуры чысыл, Куыд рӕсугъд дӕ,куы! Алкӕмӕ лӕбурыс... Арӕхстджын дзыхӕй, Афтӕмӕй нӕ курыс,- Архайыс тыхӕй!... Рувас йӕ ныхас нӕма фӕци, Афтӕ дын бирӕгъ йӕ цыппӕртӕ Хърихъупмӕ тилы. Ох-хай, цы кодтай,цы? Сырд ма кӕм дзуры!

Дӕ фыдӕлтӕ рухсаг,

Дӕхӕдӕг мын бӕзз!

Ныртӕккӕ уын диссаг

Ӕрхӕсдзынӕн ӕз.

Бирӕгъмӕ та раджы

Арс кӕмдӕр хӕцыд.

Диссаг ӕвналынмӕ

Цас ын ӕнтысти!

Уалынмӕ уоны стӕг

Хурхы нынныхсти.

Уӕд дын ӕм рувас

Кӕцӕйдӕр рауад:

Мӕ хуры чысыл,

Куыд рӕсугъд дӕ,куы!

Алкӕмӕ лӕбурыс...

Арӕхстджын дзыхӕй,

Афтӕмӕй нӕ курыс,-

Архайыс тыхӕй!...

Рувас йӕ ныхас нӕма фӕци,

Афтӕ дын бирӕгъ йӕ цыппӕртӕ

Хърихъупмӕ тилы.

Ох-хай, цы кодтай,цы?

Сырд ма кӕм дзуры!

Центон – литературон термин. Латинаг дзырд, нысан кӕны «ӕмпъызтытӕ хъӕццул». Центон у ӕмдзӕвгӕйы хуыз, кӕцы арӕзт у иу кӕнӕ цалдӕр поэты ӕмдзӕвгӕты рӕнхъытӕй.

Центон – литературон термин. Латинаг дзырд, нысан кӕны «ӕмпъызтытӕ хъӕццул». Центон у ӕмдзӕвгӕйы хуыз, кӕцы арӕзт у иу кӕнӕ цалдӕр поэты ӕмдзӕвгӕты рӕнхъытӕй.

Урочы нысантӕ: 1.Къостайы басняты тыххӕй ахуырдзауты зонындзинӕдтӕ бафидар кӕнын,йе сфӕлдыстадмӕ цымыдисдзинад рӕзын кӕнын.  2.Ахуырдзауты хъуыдыкӕнынад ӕмӕ ныхасы хӕрзхъӕддзинад бӕрзонддӕр кӕнын, къордты кусыныл, хи хъуыдытӕ ӕргом кӕныныл ахуыр кӕнын сывӕллӕтты.  3.Царды мидӕг ӕгъдауджын,рӕстзӕрдӕ уӕвыныл ахуыр кӕнын .

Урочы нысантӕ:

1.Къостайы басняты тыххӕй ахуырдзауты зонындзинӕдтӕ бафидар кӕнын,йе сфӕлдыстадмӕ цымыдисдзинад рӕзын кӕнын.

2.Ахуырдзауты хъуыдыкӕнынад ӕмӕ ныхасы хӕрзхъӕддзинад бӕрзонддӕр кӕнын, къордты кусыныл, хи хъуыдытӕ ӕргом кӕныныл ахуыр кӕнын сывӕллӕтты.

3.Царды мидӕг ӕгъдауджын,рӕстзӕрдӕ уӕвыныл ахуыр кӕнын .

Урочы эпиграф: Двойная в басне польза-возбуждает смех И учит жить разумными советами.  Древнеримский баснописец Федр

Урочы эпиграф:

Двойная в басне польза-возбуждает смех

И учит жить разумными советами.

Древнеримский баснописец Федр

1-аг хӕслӕвӕрд. Къостайы кӕцы баснятӕм ахӕсгӕ сты ацы ӕмбисӕндтӕ? Хӕрзгӕнӕг хорз никуы ссардта.  Гӕды фиумӕ куы не ‘ххӕсса, уӕд ӕй мархо хоны.   Искӕй кадӕй дӕхицӕн ном ма кӕн.  Цӕстмӕхъус ныхас дӕ сӕрмӕ ма хӕсс.  5) Хивӕндмӕ уайдзӕф нӕ хъары.  6) Хиппӕлой Ирмӕ худинаг уыд.

1-аг хӕслӕвӕрд.

Къостайы кӕцы баснятӕм ахӕсгӕ сты ацы ӕмбисӕндтӕ?

  • Хӕрзгӕнӕг хорз никуы ссардта.

  • Гӕды фиумӕ куы не ‘ххӕсса, уӕд ӕй мархо хоны.

  • Искӕй кадӕй дӕхицӕн ном ма кӕн.

  • Цӕстмӕхъус ныхас дӕ сӕрмӕ ма хӕсс.

5) Хивӕндмӕ уайдзӕф нӕ хъары.

6) Хиппӕлой Ирмӕ худинаг уыд.

2-аг хӕслӕвӕрд. Къостайы басняты хъайтарты базон. 1)  Бирӕгъы дзыхӕй уоны стӕг сдавта.  2)  Бӕласы цонгыл цӕргӕсау сбадти.  3)  Тар хъӕды йӕ егар сырдта.  4)  Урссаджы хъӕстӕ рагӕй нал фӕци.  5)  Лӕгӕн цы нӕ хӕринаг авӕрдзӕн йӕ разы.  6)  Иу бон йӕ хъазтӕ уӕймӕ фӕцӕйтардта.

2-аг хӕслӕвӕрд.

Къостайы басняты хъайтарты базон.

1) Бирӕгъы дзыхӕй уоны стӕг сдавта.

2) Бӕласы цонгыл цӕргӕсау сбадти.

3) Тар хъӕды йӕ егар сырдта.

4) Урссаджы хъӕстӕ рагӕй нал фӕци.

5) Лӕгӕн цы нӕ хӕринаг авӕрдзӕн йӕ разы.

6) Иу бон йӕ хъазтӕ уӕймӕ фӕцӕйтардта.

3-аг хӕслӕвӕрд. Къостайы баснятӕй кӕцытӕй ист сты ацы ӕмбисӕндтӕ? 1)  Коммӕгӕсы ма цӕв,- Мастӕн ӕй хӕсдзӕн.  2) Дӕ фыдӕлтӕ рухсаг, Дӕхӕдӕг мын бӕзз!  3) Алчи зыдгӕнӕджы бирӕгъ фӕхоны.  4)Цӕстмӕхъус ныхас фыдбылыз хӕссы.  5)Ма худ аууонмӕ ӕвзӕрыл, Хорз-иу йӕ цуры бафау!  6)Лӕг кӕрдзынӕй дӕр ӕфсӕды Гутоны фӕстӕ.

3-аг хӕслӕвӕрд.

Къостайы баснятӕй кӕцытӕй ист сты ацы ӕмбисӕндтӕ?

1) Коммӕгӕсы ма цӕв,-

Мастӕн ӕй хӕсдзӕн.

2) Дӕ фыдӕлтӕ рухсаг,

Дӕхӕдӕг мын бӕзз!

3) Алчи зыдгӕнӕджы бирӕгъ фӕхоны.

4)Цӕстмӕхъус ныхас фыдбылыз хӕссы.

5)Ма худ аууонмӕ ӕвзӕрыл,

Хорз-иу йӕ цуры бафау!

6)Лӕг кӕрдзынӕй дӕр ӕфсӕды

Гутоны фӕстӕ.

Хъусынгæнинæгтæ: 1)  Фесӕфт мӕ цыхт,цалынмӕ зарыдтӕн,уӕдмӕ.Уӕ хорзӕхӕй,чи йӕ ссара,уый мӕм ӕй фӕхӕццӕ кӕнӕд.  2)  Агурӕм нӕхицӕн ӕмбал Ӕрджынарӕгмӕ цӕуынмӕ.Дыууӕйӕ нӕ ныфс нӕ хӕссӕм.  3)  Абонӕй фӕстӕмӕ дарын мархо.Курын,ӕмӕ мӕм галы фиу мачи хатӕд.  4)  Ис мӕм стӕг хъуырӕй фелвасыны фӕлтӕрддзинад. Табуафси, цӕттӕ дӕн ӕххуысмӕ.  5)  Зӕххыл мӕхицӕй хӕрзаддӕр нӕй,уӕлдай диссаг та мыдимӕ дӕн.  6)  Агурӕм нӕхицӕн ног хицау. Нӕ хицау нын нӕ фыдӕлты кад мурмӕ дӕр нӕ дары.  7)  Хатыр курын мӕ сыхӕгтӕй,нал уӕ худинаг кӕндзынӕн , фосмӕ нал лӕбурдзынӕн.

Хъусынгæнинæгтæ:

1) Фесӕфт мӕ цыхт,цалынмӕ зарыдтӕн,уӕдмӕ.Уӕ хорзӕхӕй,чи йӕ ссара,уый мӕм ӕй фӕхӕццӕ кӕнӕд.

2) Агурӕм нӕхицӕн ӕмбал Ӕрджынарӕгмӕ цӕуынмӕ.Дыууӕйӕ нӕ ныфс нӕ хӕссӕм.

3) Абонӕй фӕстӕмӕ дарын мархо.Курын,ӕмӕ мӕм галы фиу мачи хатӕд.

4) Ис мӕм стӕг хъуырӕй фелвасыны фӕлтӕрддзинад. Табуафси, цӕттӕ дӕн ӕххуысмӕ.

5) Зӕххыл мӕхицӕй хӕрзаддӕр нӕй,уӕлдай диссаг та мыдимӕ дӕн.

6) Агурӕм нӕхицӕн ног хицау. Нӕ хицау нын нӕ фыдӕлты кад мурмӕ дӕр нӕ дары.

7) Хатыр курын мӕ сыхӕгтӕй,нал уӕ худинаг кӕндзынӕн , фосмӕ нал лӕбурдзынӕн.

Абон ӕз базыдтон...  Урок уыд цымыдисаг...  Зын мын уыдис ...  Урок мын феххуыс уыдзӕн царды...  Хӕдзары радзурдзынӕн...  Ӕз бамбӕрстон...

Абон ӕз базыдтон...

Урок уыд цымыдисаг...

Зын мын уыдис ...

Урок мын феххуыс уыдзӕн царды...

Хӕдзары радзурдзынӕн...

Ӕз бамбӕрстон...


Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!