СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Цалдæр ныхасы Чехойты Сæрæбийы тыххæй

Нажмите, чтобы узнать подробности

 

 Рассказывается о романе Сараби Чехоева. 20 лет роман лежал на полке издательства и только в 2017 году вышел в свет.

Просмотр содержимого документа
«Цалдæр ныхасы Чехойты Сæрæбийы тыххæй»





IX гуманитарон Шёгрены номыл гом кæстытæ





секци: ирон литературæ


Темæ: «Чехойты Сæрæбийы тыххæй цалдæр ныхасы»




Куысты автор: Цыбырты Аланæ 38- æм скъола





Разамонæг:Чехойты Зæлинæ















Дзæуджыхъæу, 2018














Сæргæндтæ


  1. Бацæуæн……………………………………………..

  2. Сæйраг хай…………………………………………..

  3. Кæронбæттæн………………………………………...

  4. Литературæ…………………………………………..




































Бацæуæн Сараби


Цæстуарзон , сыгъдæгзæрдæ, æргом ныхас æмæ курдиат куы баиу вæййынц. Уæд,сæ хицау цавæр адæмаг у , ууыл дзурын нал фæхъæуы, уымæн æмæ ахæм лæджы алчидæр хионыл фæнымайы , бахъуаджы заман йæ фарсмæ чи рбалæудзæн, цины сахат ын йæ циныл чи бафтаудзæн, ахæм хионыл. Афтæ мæм кæсы, æмæ Чехойты Сæрæбийæн Хуыцау цæстуарзон хай бакодта уæлдæр ранымад миниуджытæй се ппæтæй дæр.

Æцæгæйдæр, чи нæ рахуыддтаид Сæрæбийы цæстуарзон æмæ сыгъдæгзæрдæ, æргомныхас æмæ курдиатджын?!

Йæ курдиаты тыххæй куы дзурæм, уæд уый æнæ «æгæр»-æй дæр цæсты фаг ахады, уæд уый æнæ «æгæр»-æй дæр цæста фаг ахады, кадджын æмæ фæрнджын у.

Нæ куысты - хæс равдисын Чехойты Сæрæбийы цард æмæ сфæлдыстад.

Нæ размæ сæвæрдтам хæстæ:

- базонгæ уæвын йе сфæлдыстадимæ;

- сбæлвырд кæнын Сæрæбийы хæстон лирикæйы бынат ирон литературæйы.


















Сæйраг хай


Ролик Чехойты мыггаджы тыххæй.


Мыггаг равзæры, райрæзы æмæ уидæгтæ ауадзы. Йæ уидаг цас фидар разына, уымæ гæсгæ схæцынц сæхиуыл йæ къабæзтæ дæр. Уидæгтæй аразгæ у йæхиуыл куыд схæцдзæн æмæ кæуылты фæцæудзæн тала, уый.


Нæ фыдæлтæ искæимæ бахæстæг кæныны агъоммæ фарстой мыггагæй. Æнæмæнгæй раст хъуыддаг. Мыггаг та фидауын кодтой лæгдзинад æмæ кад. Чехойты мыггаг уыцы миниуджытæй æнæхай нæу. Уый æвдисæнæн уын ракæндзынæн иу таурæгъ «Чехойты дугъ», зæгъгæ.

Раджы нæ фыдæлтæй иу уыд Чехойты Гæбыс. Гæбысæн уыдис авд лæппуйы.

Гæбыс уиды дзырдзæугæ, кадджын æмæ хъæздыг лæг. Куы амард, уæд, куыд кадджын лæг уымæ гæсгæ дзы уыдис бæхы дугътæ æртиссæдз бæхæн. Хуынд уыдысты хуыздæр æмæ арæхстджындæр æхсджытæ хъримагæй, цыппар æмæ ссæдз адæймаджы та, хъабахъхъыл чи сбырыдаид, ахæмтæ.

Ацы сгуыхтдзинæдтæ чи сарæзтаид, уымæн нысан уыди фондз лæвары: дугъы чи фæразæй уа- 1- 5 туманы

2- 4 туманы

3- 3 туманы

4-2 туманы

5-1туман афтæ хъабахъхъыл чи сбырыдаид, уыдонæн дæр.

Бæхтимæ нысангонд уыди Гæбысæн йæхи къуда бæх дæр.Адæмæн зындгонд уыд , Гæбысы къуда, фыдуынд бæх ахæм дугъты фыццаг лæвар кæй иста, уый. Фæлæ барæджы балхæдæуыд æмæ барæг æрдæг фæндагыл йæхи аппæрста. Бæх æнæ барæгæй уайы æмæ сæ фæсте ныууагъта. Гæбысы къуда бæх æрбаразæй æмæ адæм ныхъхъæр кодтой «Чехойты дугъ æрбахæццæ!»

Ардыгæй рацыд уыцы ныхас «Чехойты дугъ схæццæ!», зæгъгæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уый уыди лæгдзинад.



Æмæ æрмæст Гæбысæй нæ райхъуыст Чехойты мыггаг.

Нæ абоны фембæлды хъайтар у Чехойты Сæрæби. Цæстуарзон, сыгъдæгзæрдæ, æргом ныхас - уыцы миниуджытæй се ппæтæй дæр Чехойты Сæрæбийæн Хуыцау цæстуарзон хай бакодта.

Чехойты Шамилы фырт Сæрæби райгуырди 1916 азы Садоны районы Бадыхъæуы. Уæлладжыры ком хъуыстгонд у йæ рæсугъддзинадæй. Адæймаджы цæст дзы не фсæды. Сæрæби æгæрон уарзтæй уарзта йæ фыды уæзæг.


Фыды къæсæр, фыды къæсæр, зынаргъ дæ,

Дæумæ та мæ æрыздæхын хъуыди.

Кæмфæнды дæр, куыд дæм æрцæуон тагъддæр,

Æз ууыл кодтон хъуыды.


Зæххы къорийыл бирæ ис бæстæтæ,

Æнæ дæу мын æппæт зæхх дæр- къуындæг.

Дæуæй райдайы райгурæн бæстæ дæр,

Дæумæ тырны кæцæйдæриддæр лæг.


Кæм райгуырдтæн, кæм кодтон хъомыл раздæр,

Кæм сахуыр дæн хæдзар зонын фыццаг…

Дæуæй æз балцы цал хаты фæраст дæн!

Ныр дæр та дæм ыссардтон æз фæндаг.


Æз цин кæнын, фæзылдтæн кæд кæмдæрты,

Уæддæр та ног кæй бахызтæн дæ сæрты.


Сæрæбийæн скъоламæ цæуын афон дæр нæма уыд, афтæ хæххон адæмæн фæци быдыры уæрæх фæтæнты æрцæрыны фадат, æмæ йæ фыд Шамиль йæ бинонтимæ йæ бынатæй сыстынмæ нæ базивæг кодта, фæлæ æппæты фыццæгтимæ быдырмæ ралыгъд.

Уæлладжыры бирæ хъæуты цæрджытимæ иумæ æрбынат кодтой æрджынарæгмæ хæстæг Урсдоны рахиз фарс æмæ сæ хъæу схуыдтой Бæрæгъуын – Красногор. Фидæны поэт ныййарæджы рæвдыд нæ федта. Хохы ма куы цардысты, уæд амард йæ мад Нартыхъон, æмæ хæдзары дзаг




сывæллæттæ сидзæрæй баззадысты.

Цыппар хо æмæ цыппар æфсымæры кæстæр уыди Сæрæби. Мæнæ куыд фыста Бигъуылаты Харитон 1940 азы :


« 1928 азы 12-аздзыдæй Сæрæби бацыди Красногоры æнæххæст астæуккаг скъоламæ æмæ йæ каст фæци 1935 азы. Уыцы аз октябры мæйы бацыд Цæгирпединституты цæттæгæнæн иуазыккон курсытæм, фæлæ уый каст нæ фæци. 1938 азы бацыд ахуыргæнджыты институты литературон факультетмæ æмæ йæ каст фæци 1939 азы. Фæскомцæдисы рæнхъытæм бацыд 1931 азы, уыцы аз райдыдта фыссын æмдзæвгæтæ дæр».


Бонæй-бон фидардæр кодта йæ хъæлæс. Азтæ йыл куыд фылдæр цыд, афтæ йæхимæ æнкъарын байдыдта фылдæрæй-фылдæр хъарутæ, фæлæ йын сæ сфæлдыстады равдисыны фадат нал фæци. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст.

Уырдæм сæ хотыхтæ рабастой Шамилы цыппар фырты дæр. Фæдисæтты рæнхъыты æрлæууыдысты Чехойты æфсымæртæ: Алыбег, Серги, Федыр æмæ Сæрæби.


Ард


Хæрын дын ард дæ разы, мæ бæстæ,

Куы внала нæм исчи, мыййаг,

Цæттæ дæн уæд тохмæ. Æд гæрзтæ

Цæудзынæн æппæты фыццаг.


Æнцон мæм кæсдзæни мæ зын дæр

Дæ сæрыл, сæрибары дуг!

Кæм бахъæуа туг калын, уым дæр

Ныккалдзынæн , зон æй, мæ туг!


Нæ уыдзæн !..Цагъайраг уæвынмæ

Мах ногæй нæ ратдзыстæм цард!

Цæттæ дæн дæ сæрыл хæцынмæ,-

Хæрын дын æз уый тыххæй ард!




Хæст фæци. Цы баисты, куыд фесæфтысты æртæ æфсымæры? Чи сын цы зоны? Æрмæст Федыр хаст æрцыд «Мысинæгты чиныгмæ». Уыдон , Сæрæбийæ фæстæмæ , иууылдæр сæ сæр нывондæн æрхастой Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинады сæраппонд.

Райгуырæн бæстæмæ цыппар æфсымæрæй сыздæхт æрмæст Сæрæби. Стыр нысантæ æвæрдта æрыгон поэт йæ размæ, фæлæ хъысмæтмæ æндæр уынаффæтæ уыд: хæсты фæудыл дыууæ азы дæр нæма рацыд , афтæ Чехойы-фырты æрцахстой æмæ йын, æппындæр æм ницы аххос уыд, афтæмæй дæс азы стæрхон кодтой.


Мæнæ куыд фыссы уый тыххæй йæхæдæг:


Уыди тымыгъ. Нæ банцади æваст.

Лæджы зондахаст иннæрдæм фæлдæхти.

Кæрæдзи адæм нал æмбæрстой раст,

Æмæ дзы растдæр чи уыди, уый сæфти.



Сæрæби иу æхсæз азы куы абадт, уæд ныффыста Фадеевмæ писмо. Фадеев уыцы писмоимæ бацыд Сталинмæ. Уыцы фембæлды фæстæ Сæрæбийы суæгъд кодтой - æрцыд реабилитацигонд. |слайд письма


Цыфæнды зын уавæрты дæр Сæрæби йæхимæ хъусыныл никуы фæци. Кæддæриддæр йæ хъуыдытæ литературæимæ баст уыдысты. Йæ царды сæйраг нысан поэзи хуыдта.


Цард æнæфæугæ у, кæд дзы алы адæймаджы цардæн дæр йæ кæрон æрхæццæ вæййы,уæддæр. Æнусон нæу фыссæджы цард дæр. Æнусон сты, адæмы зæрдæмæ фæндаг цы уацмысты фæрцы ссардта, арф бынат дзы цы сфæлдыстадон бынты фæрцы бацахста, уыдон.








Сарæбийæн мыхуыры рацыд 4 чиныджы :

  1. «Æргом зæрдæ» -1940 аз

  2. «Лирикæ» - 1958аз

  3. «Къæсæр» - 1964 аз

  4. «Айдæн» - 1968аз /слайд


Ацы чингуыты автор равдыста йе нкъарæнтæ. Сæрæбийы хуымæтæг поэт рахонæн нæй .Фембæлдмæ куы цæттæ кодтон мæхи, уæд бакастæн Сæрæбийæн йæ фыстæг Фадеевмæ. Ацы фыстæджы Сæрæбийæн раргом йæ уды хъæздыгдзинад. Æз федтон йæ Райгуырæн бæстæ æгæрон уарзтæй чи уарзы, ахæм адæймаджы. Сæрæби нæу хуымæтæг. Сæрæби уыд арф хъуыды кæй сæры æвæрд уыд, царды сæйраг уавæртæ раст чи иртæста, абон æмæ райсом раст бæттын чи зыдта, ахæм философ. Æгæр хорз базыдта царды фæзилæнтæ.

Адæймаг уыйбæрц куы фены, уыимæ ма фыссынмæ дæр куы фæарæхсы, уæд райгуырынц рæнхъытæ, æмдзæвгæтæ.

Царды нывтæ равдыста Сæрæби йæ æмдзæвгæтæй фыст роман «Цæр»-ы. /слайд

Ацы роман бирæ азты рохуаты баззад тæрхæгыл. Йæ фæндаг уыд æхгæд. Фæлæ рæстдзинад у принципиалон хъуыддаг. Фæзынд роман. Федта рухс. Цы рахаста цардмæ? Цы зæгъынмæ хъавыд Сæрæби йæ фæстæгæттæн? Цæуыл уыд йæ зарæг?

Царды æцæгдзинæдтæ. Æрыгон сылгоймаджы фæлгонц, йæ тых ,йæ зонд , йæ царды зын фæндаджы фæдтæ.








Чехойты Сæрæби ирон литературæйæн зæрдиагæй фæлæггад кодта. Йæ хъарутыл никуы бацауæрста. Цы бирæ уацмыстæ ныффыста, уыдоны хуыздæртæ адæмы зæрдæйы æвзæрын кæндзысты рухс хъуыдытæ, амондджын бæллицтæ.

Сæрæби уарзта цард, уарзта фæсивæд æмæ сын сæ рæсугъддзинадмæ бæллыд.






Литературæ

1 . Дзасохты М. «Уæлахизы салдат»

2. «Мах дуг», 1965 аз

3. Абайты Э. «Рæстдзинад», №242, 28.12. 2016 аз


Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!